РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлд Дыгуры районы цæрджытимæ
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлд Дур-Дуры хъæуы цæрджытимæ. Культурæйы бынæттон хæдзары æрымбырд бирæ адæм. Алкæйы дæр фæндыд республикæйы сæргълæууæгмæ фарст раттын. Сæ фылдæр баст уыдысты фæндæгты уавæримæ, куысты бынæттæ фаг кæй нæй, уыимæ ма фæсивæд сæхи кæм ирхæфсой хъæуы ахæм бынат дæр нæй. Цæрджыты ма катайы фтауы хъæуы 1-æм скъолайы уавæр. 80-æм азты йæ сарæзтой. Ныртæккæ заууатмæ æрцыд. Цалцæгггæнæн куыстытæ дзы фæнд кодтой 20 азы размæ скæнын. Республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министры хæдивæджы ныхæстæм гæсгæ ныртæккæ хъуыддагыл кусынц. 2020 азмæ йæ федералон программæмæ баххæсдзысты. Хъæуы фæсивæд республикæйы сæргълæууæгмæ фæсидтысты цæмæй сæм спортивон секцитæ саразынмæ фæкæса. Ныртæккæ сывæллæттæ сæхи фæлварынц футболы æмæ армреслинджы спорты хуызыты. Фæлæ æрыгон адæм куыд зæгъынц, афтæмæй уый фаг нæу. Уæгъдибар хъæбысхæст æмæ боксы архайын кæй фæнды уыцы сывæллæтты нымæц дæр бирæ у. Битарты Вячеслав бабар кодта, цæмæй тренерты штабы фылдæр специалисттæ фæзына æмæ фæсивæд ахæм секцитæм цæуой. Цæрджыты ма тыхсын кæны хъæуы сывæллæттæн хъазынæн фæз кæй нæй, уый дæр. Сæ ныхæстæм гæсгæ ныййарджытæ сабиты хи ирхæфсынмæ кæдæм рахоной, ахæм бынат нæй. Битарты Вячеслав зæрдæ бавæрдта йæхæдæг сын ахæм лæвар кæй скæндзæн, уымæй. Æдæппæтæй республикæйы сæргълæууæгмæ радтой 50 фарст æмæ курдиатæй фылдæр. Се `ргом сæм раздахдзысты, загъта Битарты Вячеслав. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлд Дыгуры районы цæрджытимæ
Категория:
Новости и СМИ