Дзæуджыхъæуы парахат кæнынц тематикон экскурситæ

Фæстаг рæстæг Цæгат Ирыстон йæхимæ фылдæрæй фылдæр туристты 'лвасы. Республикæ хуыздæр базонынмæ та сын æххуыс кæнынц гидтæ. Сæ программæты 'руаджы Ирыстоны хъæздыгдзинæдтæ æххæстæй банкъарынц: алæмæты æрдз, архитектурæ, нæ культурæ æмæ ирон æгъдæуттæ. Цавæр экскурситæ ис равзарæн абон, уыдоны тыххæй нæ дарддæры æрмæг. Æппæт уæгъд рæстæг дæр Æлборты Зæринæ æрвыста Дзæуджыхъæуы историон хайы. Тезгъо кодта сæйраг уынгты, лæмбынæг каст архитектурæмæ. Афтæмæй йæм фæзынд хъуыды, цæмæй ам иунæгæй ма тезгъо кæна, фæлæ республикæйы уазджытимæ. Зæринæ ацыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты сæрмагонд курсытæ æмæ райдыдта гиды куыст кæнын Сабырдзинады проспектæй. Зæринæ йæ дæсныйадмæ гæсгæ у уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг. Йæ зонындзинæдтæ йын ныр сты пайда литературон экскурситæ кæнынмæ. Программæ бацæттæ кодта бындуронæй æмæ бæстон. Лæмбынæгæй радзуры зындгонд фысджытæ æмæ поэтты цардвæндаджы тыххæй. Ирон культурæ та ахæм нæмттæй хъæздыг у. Фæлæ сæ бирæтæ, абон, хъыгагæн, ферох кодтой. Чызг лыстæггай æмбырд кæны æппæт информаци, æвдисы куыд цардысты, фылдæр цæуыл фыстой. Программæ дисы æфтауы. Мари Кочкина та разамынд дæтты æндæр здæхтæн. Куыд дзуры, афтæмæй театрмæ арæз цыд скъоладзауæй. Ацы сфæлдыстадмæ йæм уæлдай æнкъарæнтæ нæ уыд. Фæлæ уый цалынмæ фæстæдæр йæхæдæг не 'рбацыд спектакльмæ, уæдмæ. Куыд зæгъы, афтæмæй уыцы æнкъарæнтæ абон дæр хъуыды кæны. Уæд Мария сфæнд кодта иннæтæн дæр æххуыс кæнын ацы къабазмæ æмхиц кæнын. Ныртæккæ чызг у театралон гид. Æрæмбырд кæны адæмы æмæ иумæ бабæрæг кæнынц спектакльтæ. Райдайы Мария театры тыххæй чысыл лекцийæ, бæстонæй æрдзуры спектаклыл. Бирæ аивадуарзджытæн ахсджиаг у сценæйыл цы равдыст уыдзæн, уыцы истори базонын. Спектаклы фæстæ æнæмæнг — буфет. Дарддæр та, иумæ æрдзурынц программы тыххæй. Фæстаг рæстæг Дзæуджыхъæуы тезгъо кæнынц бæстæ æмæ дунейы алы рæттæй туристтæ. Дисы сæ æфтауы нæ архитектурæ, хæринаг æмæ цæрджытæ. Сæйрагдæр та уый у, æмæ сæ фæнды республикæ хуыздæр базонын. Уый тыххæй та ахъаз сты цымыдисаг программæтæ.

Иконка канала IRYSTONTV
1 453 подписчика
12+
9 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии