Дыкъахыг «Сырдтæ»
Адæмæн хорз бакæн æмæ дарддæр цы?! Чкаловы номыл уынгыл цы хид ис, уым горæты администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барисы хъæппæрисæй райдыдтой аивгæнæн куыстытæ. Бордюртæ æмæ бетонæй арæзт къæйтæ сахуырстой, къæвда кæй не ссæуын кæны, ахæм ахорæнтæй. Фæлæ, хъыгагæн, зыд адæм дæр - бирæ, æнæпълан хъуыддæгтæ кæнын чи фæнд кæны, ахæмтæ дæр. Закъонхалджытæ бавдæлдысты æмæ хиды æфсæн быруты иу хай, куыд, уый бæрæг нæу, фæлæ адавтой. Æвиппайды æрбайсæфтысты. Дзæуджыхъæуы Рахизфарсы районы префектурæйы уæнгтæ хъæугæ гæххæттытæ балæвæрдтой пъæлицæйæгтæм. Уыдон сæ куыст кæнынц - закъонхæлд рабæрæг кæныны тыххæй згъæрисæн куыстуæттыл зилынд. Куы йæ ссарой, уæд æй фæивар кæндзысты. Префектурæйы зæрдæ бавæрдтой, иннæ къуырийы кæронмæ закъонхалæджы кæй рабæрæг кæндзысты, хиды бæгънæг хай та фæстæмæ кæй бампъуздзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Дыкъахыг «Сырдтæ»
Категория:
Новости и СМИ