Сылгоймаджы хъысмæт
Сарæзтой йæ журналистикæйы скъолайы студенттæ. Æрбацыдысты йæм киноныв аразджытæ, Любовь æмæ Бирланты хъомвылгæнинæгтæ, Цæгат Ирыстоны æмæ Цæцæны æхсæнадон архайджытæ. Документалон кинонывы премьерæ уыд дыууæ азы размæ. Йæ режиссертæ сты Гулуты Вячеслав æмæ Черджиаты Индирæ. Кинонывы автортæ се ппæты базонгæ кодтой алы регионты цæрæг 2 сылгоймаджы — Касаты Бирлант æмæ Любовь Кржановскайы, хъысмæт куыд сбаста æмæ сæ куыд баиу кодта, ууыл. 90-æм азты, Цæцæны хæсты рæстæг 2 сылгоймаджы фервæзын кодтой дæсгай сывæллæтты. Сидзæрæй æмæ æвæгæсæгæй чи баззад, уыцы сывæллæтты Бирлант кодта йæ хæдзармæ, барæвдыдта сæ йæ зæрдæйы хъармæй. Цæф æмæ рынчын чи уыд, уыдонæн та Любовь Кржановская та баххуыс кодта Мæскуыйы клиникæты хи сдзæбæх кæнынæн. Любовь ныр дæр хæрзаудæн куыст кæны. Сарæзта цалдæр хæрзаудæн акцийы сæ иу «Беслæны сывæллæттæ». 2015 азы Касаты Бирланты схорзæхджын кодтой ЮНИСЕФ-ы æппæтдунеон преми «Сызгъæрин зæрдæ»-йæ. Йæ аразæг Софи Лорен. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Сылгоймаджы хъысмæт
Категория:
Новости и СМИ