Хъазæнты тæккæ сæрмæ — телтæ, уæдæ телыхъæд дæр бирæ дарддæр не 'рбынат кодта

Адæмон фронты уæнгтæ иу æмæ дыууæ базилинаг бынаты нæ федтой, фæлæ ма  уыдон дæр аккаг ныхæстæ нæ арынц, ам уæвгæйæ. Хъазæнты тæккæ сæрмæ — телтæ, уæдæ телыхъæд дæр бирæ дарддæр не 'рбынат кодта. Хъеллаугæнæнтæ тасгæ ауындзæнтӕ, зæгъæм, рæтæн, кæнæ рæхысы бæсты, арæзт сты хъæбæр хæтæлтæй. Ам, æцæгдæр, тæссаг у. Кæдæмфæнды дæр акæс — алы ран дæр бетон къæйтæ, арматурæтæ сæ зынынц, афтæмæй. Сабитæм сæ сæрмæ схизын æмæ уырдыгæй рагæпп кæнынæй хуыздæр ницы кæсы. Зæгæлтæ кæцæй зыны, ахæм херы дæр дзы ис. Змисæй хъазæн бынатмæ та, куыйтæ едтæмæ, хæстæг дæр ничи цæуы. Уавæр куыд фæхуыздæр кæнæн ис, уый ма суанг бынæттон сывæллæттæ дæр зонынц. Посёлочы æндæр хъазæн фæз нæй. Сывæллæттæ та дзы бирæ ис. Курынц, цæмæй сын ног саразой. Хистæртæ та хъаст кæнынц сæйраг уынджы уавæрæй. Йæ дæргъ 600 метры у — иудадзыг къуыппытæ æмæ дзыхъхъытæ. Уый тыххæй ардæм нæ маршруткæ, нæ таксийы шофырты фæнды цæуын. Цæрджытæ сæм ахæм курдиатимæ кæй фæсидтысты, ууыл горæты администрацийы сæттынц. Фæндаггон арæзтады хайады разамонæг Габеты Чермены ныхæстæм гæсгæ, фыццаг æргом здæхт цæуы магистралон уынгтæм. Ныр 1-аг Реданты рад дæр æрхæццæ. Ацы аз проектон-хыгъдон гæххæттытæ сараздзысты. Фæндаджы хъысмæт базыдтой адæм. Базилдзысты йæм. Фæлæ сывæллæтты хъазæн фæзы уавæр, Адæмон фронты минæвæртты ныхæстæм гæсгæ, цæмæй æдасдзинады домæнтæн дзуапп дæтта, уымæй тынг дард у. Фарстамæ Адæмон фронт йæ цæст дардзæн. Сывæллæтты фæзты уавæр сбæлвырд кæнын бабар кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Фæззыгон каникултæм бирæ нал хъæуы. Ахсджиаг у, цæмæй уой хъæлдзæг, уыимæ, æнæмæнг, æдас.

Иконка канала IRYSTONTV
1 463 подписчика
12+
139 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии