Хизынæн æви хуым кæнынæм?

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Зæххыты фарста Цæгат Ирыстоны уæлдай ахсджиаг у. Æмæ хъуыддаг æрмæст Мичурины хъæуы æркæсинаг нæу. Цал фембæлды уыди Битарты Вячеславæн районты сæргълæуджытимæ, хæрзцухæй, уал фарстайы баст вæййынц зæххыты уавæримæ. Кæмдæр хъæууон хæдзарады куст кæнынмæ чи хъавы, уыдон ракурынц сæхицæн иу гæбаз. Хицауад уымæн нæгъ нæ зæгъы. Кæмдæр та, зæххытæй куыд нысангонд ис, афтæ нæ пайда кæнынц. Уый у сæйрагдæр райхалинаг фарста. Алы зæххæн дæр ис йæхи бæлвырдгонд нысан, ома цы дзы ис кусæн, æрмæстдæр уый. Сты алы хуызæттæ æмæ иу инæимæ æмхæццæ кæнæн нæй. Афтæмæй, 2019 азмæ, нæ республикæйы паддзахадон исбонад æмæ зæххы ахастдзинæдты министрад срегистраци кодта 798 мин гектарæй фылдæр. Уый районтæ æмткæй куы райсæм, уæд. Уыцы гектартæй – 418 минæй фылдæр сты хъæууон хæдзарады куыст кæныны бар кæм ис, ахæм зæххытæ. 60 минмæ ввахс сты хъæуты зæххытæ. 16 мин гектарæй фылдæр сты – промышленность, транспорт æмæ бастдзинады зæххытæ. Хъахъæнгæ кæй кæнынц, ахæм фæзуаттæ сты 97 мины 965 гектары. 177 мин гектарæй фылдæрыл зайы хъæд. 2 æмæ рдæг мины ахсынц цадтæ æмæ цæугæдæттæ. Фæстауæрцгæнæн зæххытæ та 25 мины 665 гектары. Алы районы дæр, алы хуызон нымæй ис. Зæгъгæм, Æрыдоны. Зæххытæ дзы ис 37 мин гектарæй фылдæр. Уыдонæй 30 миныл хъæууон хæдзарады куыст кæнынц. Се`хсæн уыгæрдæнтæ, хизынæн фæзтæ, хуымгæндтæ æмæ сыдзанæн зæххытæ. Профилон министрады æмæ районы администарциы куы зæгъынц, афтæмæй сты бæлвырдгонд. Фæлæ уыимæ разы не сты хуцмтæг цæрджытæ. Мæнæ ма интерактивон къулмæ бакæсут. Ацы нысангонд зæххытæ сты хъæууон хæдзарады куыст кæнынæн. Бæлвырддæр дзургæйæ – халсартæ садзынæн. Хаццоны сæ чи райста, уыцы фермер сæ кусын райдыдта. Бахуым сæ кодта. Фæлæ, Уый тыххæй Æрыдоны цæрджытæ хъаст кæнынмæ фесты. Ома, дам ацы зæххытæ цæрæнбонты уыдысты хизынæн зæххытæ. Ныр, дам, сæ скъахдтой æмæ сæ фос кæм хизой, уый нал ис. Цæрджытæ бадомттой дзуапп бæрнон кусджытæй дæр. Сæ размæ рацыди районы администрацыийы хицауад дæр. Хъуыддаг цæуыл у, уый базонынæн бынатмæ араст ис ме`скусæг Пелиты Сабинæ дæр. Йæ`æрмæгмæ ма йын бакæсут. Афтæ Æрыдоны цæрджытæ хъаст кæнынц, горæты хуссарварс цы зæххытæ ис, уыдон кæй бахуым кодтой, уый тыххæй. Нæ фосы зæхх хизынæн хъæуы, зæгъгæ! Ахæм хъуыдыйыл хæст сты се`ппæт дæр. Фосхизæн быдыртæ фæкъаддæр сты, стурвос кæдæм тæрой, уый та сын нæй. Лыггæнинаг фарстайыл бакусынмæ бынатыл сæмбæлдысты Æрыдоны районы администрацийы разамынд æмæ нæ республикæйы исбонад æмæ зæххы ахастдзинæдты министр Тедеты Руслан. Хъæууонхæдзарадон æмæ фосхизæн зæххыты хсæн хицæндзинæдтæ кæй ис æмæ сæ раст æвзарын кæй хъæуы, уый æнæмæнг хъуыддаг у. Зæххытæ хуымгонд цæмæн рцыдысты æмæ сæм иумæйагæй бар чи дары, уымæн бæрнон ведомствæйы кусджытæ радтой бæлвырд дзуапп. Цалдæр азы размæ зæххытæ хаддзоны райсмæ курдиат балæвæрттой районы цалдæр цæрæджы. Алцыдæр, закъонмæ гæсгæ. Уæдæ кæдæм тæрæм нæ фос? Ацы фарстайæн дзуапп раттынмæ цæрджытæн равдыстой сæрмагонд гæххæттытæ. Бынат-бирæ, зæгъынц бæрнон кусджытæ. Ацы хъуыдаджы фæдыл ма дзуапп радта Росреестры регионалон разамынд. Бардæттæг нæххæтмæ куы æркæсæм, уæд дзы фыст ис. Æрыдоны цæрджытæ цы зæххыты тыххæй дзурынц, уыдон фос хизынæн не сты, фæлæ хъæууон хæдзарады куыст кæнынæн. Бæлвырддæр та афтæ, 238 мин квадратон метрыæй фылдæр -  хуымгæндтæ. 67 минæф фылдæр та - хизынæн фæзтæ.  Ахсджиаг уый у, цæмæй дзы раст пайда кæной. Уый тыххæй хицауад зæрдæ бавæрдта, ныхас кæнынмæ æмæ æргом дзурынмæ алкæддæр разы, кæй сты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хизынæн æви хуым кæнынæм?

Категория:

Новости и СМИ