Заводскойы цæрджытæ хъаст кæнынц бæлццæттæ ласыны уагæвæрдæй
Райсомæй цæмæй куыстмæ кæнæ ахуырмæ афоныл бахæццæ кæнын, Заводскойы цæрджытæн æцæг хъаймæт вæййы. Адæмы сахатгай бахъæуы хъæугæрон æрлæууæн бынæтты лæууын. Поселокы цæрджыты ныхæстæм гæсгæ маршруткæтæ уромгæ бæргæ кæнынц, фæлæ хæдтулгæйы бынæттæ нал вæййы. Се `ппæты сæрæндæртæ бынат рагацау бацахсынц — иннæрдæм цæугæйæ машинæйы сбадынц. Маршруты кæронмæ бахæццæ вæййынц, хæдтулгæ разилы æмæ, афтæмæй, сæ фæндаг Дзæуджыхъæумæ акæнынц. Дыууæрдæм кæнын кæй нæ фæнды, уыдон та лæууыæн бынæтты катай кæнынц. Дзуаппдæттæг министрады куыд зæгъынц, афтæмæй маршрутон такситæ цæуынц иу фæткмæ гæсгæ. Чи цафон, уыцы рæстæг бæлвырдгонд у. Хъуыддаджы аххосджын кæнынц поселочы цæрджыты. Фæстæмæ цæугæйæ кæй сбадынц, уый тыххæй машинæйы бынат нал вæййы. Министрады ныфс бавæрдтой уавæрыл хæстæгдæр рæстæг кæй бакусдзысты, уымæй. Цалынмæ транспорты министрады уыцы фарста лыг кæнынц уæдмæ уал адæм тухæнтæ кæнынц. Маршруткæйы бынат не ссаргæйæ. горæтмæ такситыл рараст вæййынц. Уыдон та, кæй зæгъын æй хъæуы, уæлæмхасæн хæрдзтæ сты. Брытъиаты Феликс _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Заводскойы цæрджытæ хъаст кæнынц бæлццæттæ ласыны уагæвæрдæй
Категория:
Новости и СМИ