Дыууæ ног куыстуаты
Цæгат Ирыстоны фæзындзæн дыууæ ног куыстуаты. Ныхас цæуы Æрыдоны кустадтыл. Араздзысты дзы бетон æмæ цæджындзтæ. Æрæджы балхæдтой Италийæ ласт кусæнгæрзтæ. Уымæй уæлдай ма хъуамæ фæзына ног куысты бынæттæ. Арæзтадон куыстытæ бабæрæг кодтой промышленность æмæ транспорты министрады кусджытæ. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы. Ног проекты эксизтæ сты цæттæ. Ацы хъуыды æххæст кæнынмæ æрæвнæлдтой 2 мæйы размæ. Фыццаг бакастæй проекты сæйраг нысан бамбарын зын у.Фæлæ куыстуат „Прогресс"-ы минæвæрттæ куыд зæгъынц,афтæмæй,ам уыдзæн дыууæ ног кондады. Фыццаг цехы араздзысты бетон æмæ æфсæйнагæй арæзт гæрзтæ. Ацы куыстуатæн йæ бон уыдзæн сахатмæ 30 кубометры бетон уадзын. Дыккаг цехы та араздзысты дыргъдæтты цы цæджындзтæй пайда кæнынц,уыдон. Ацы проектæн нæ республикæйы æмбал нæй. Дыккаг ахæм куыстуат ис Кæсæг-Балхъары. Инвесторты руаджы къухы бафтыд балхæнын иттæг хорз фæсайрæйнаг кусæнгæрзтæ,бæлвырддæр та Италийæ ласт. Бахардз сыл кодтой 450 мин евройы.Сæ куыст ахадгæ æмæ хъæугæ кæй у,уымæ ггæсгæ сын æххуыс кæны промышленость æмæ транспорты министрад дæр. Ацы ног кондад саразыны хъæппæрис дæр уыдон бахастой. ХАЙДАРБЕК БУТОВ - МИНИСТР ПРОМЫШЛЕННОСТИ И ТРАНСПОРТА РСО-АЛАНИЯ «Республикæйы куыстуæтты райрæзтæн нæм ис нæхи проект. Алы предприятиимæ дæр кусæм. Сæ фæлтæрддзинадмæ сын лæмбынæг кæсæм, цы продукци аразынц уымæ. Сæ бындурыл сараздзыстæм ног куысты бынæттæ. Ацы предприятийыл бахардз кодтам 31, 5 млн сомы. Мæй фæстæ фæнд кæнæм 1,5 млн æфтиæгтæ райсын. Æхцайы фæрæзтæй фæхъæздыгдæр уыдзæн республикæйы бюджет дæр." Дыууæ ног куыстуаты "Прогресс"-имæ иумæ æмгуыстад кæндзысты, уый та уый тыххæй æмæ ам аразынц иттæг хорз æмæ хæрзхъæд хуыр. Ацы æмгуыстад куыстуæттæн у пайда,уымæн æмæ инертон æрмæджытæ дæр ардыгæй исдзысты. Разамонæджы ныхæстæм гæсгæ бетон æмæ дыргъдæтты цы цæджындзтæй пайда кæнынц,уыдон куыстуатæн йæхи æрмæджытæй куы аразой,уæд уый хæрдзты бæрц дзæвгар фæкъаддæр кæндзæн.Уый,кæй зæгъын æй хъæуы,хорз у.Уæлдайдæр сæ фыццаг къадзæфтæ цы куыстуæттæ кæнынц,уыдонæн.Ныридæгæн уал дыууæ ног заводы цæуынц арæзтадон куыстытæ.Сæ куыст райдайдзысты ноябры.Фæлæ уал ныртæккæ сæ размæ æвæрынц рагагъоммæ нысæнттæ,сæ зæрды ис мæймæ 30 мин цæджындзы аразын. Уымæ гæсгæ ацы куыстуаты фæзындзæн 25 куысты бынаты. Брытъита Феликс, Джиголаты Кæринæ.Игорь Войцеховский.Ирыстоны хабæрттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Дыууæ ног куыстуаты
Категория:
Новости и СМИ