«Социалон рекламæйы ахадындзинады райрæзты» фæссауонмæ ахуырадон курсы хатдзæгтæ скодтой
«Социалон рекламæйы ахадындзинады райрæзты» фæссауонмæ ахуырадон курсы хатдзæгтæ скодтой. Мадзал аразджытæ- «Социалон рекламæйы лаборатори». Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъæппæрисæй снысан кодтой сæрмагонд къорд. Æдæппæтæй 14 адæймаджы. Бацæттæ кодтой социалон рекламæйы ролик. Равдыстой дзы адæймаджы царды сывæллæттæй ахсджиагдæр кæй ничи ис, уый. Видеоæрмæг нæ бæстæйы бахауд хуыздæрты хыгъдмæ. Равдыстой йæ Уæрæсейы æхсæнадон палатæйы кæронбæттæн конференцийы. Архайдтой дзы Цæгат Ирыстоны драмон театры артисттæ, уыимæ ма нæ телеуынады оператор Амиран Ампилогов. Уæлахиздзаутæн лæвæрттæ ратта Цæгат Ирыстоны экономикæйы райрæзты министры хæдивæг Кочты Сослан. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Социалон рекламæйы ахадындзинады райрæзты» фæссауонмæ ахуырадон курсы хатдзæгтæ скодтой
Категория:
Новости и СМИ