Цыргъзонд æмæ æрхъуыдыджынты клуб байгом кодта ног сезон
Цæгат Кавказы паддзахадон университеты концертон залы ацыд цыргъзонд æмæ æрхъуыдыджынты клуб «Алания»-мæ фыццаг æвзарæн къæпхæн. Сæ тыхтæ дзы æвзæрстой 12 командæйы. Сеппæт дæр сæхи бæстонæй бацæттæ кодтой. Архайдтой дзы нæ республикæйы ахуыргæнæндæтты иугонд командæтæ. Адæмы зæрдæтæ бахъæлдзæг кодтой æви нæ, уый баззыдта не сфæлдыстадон къорд. Нæ республикæйы цыргъзонд æмæ æрхъуыдыджынты клубы архайджытæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон институты концертон залы сæмбырд кодтой хъазæн æмæ худæн ныхæстæ чи уарзы æмæ æмбары уыдоны æрымбырд кодтой. Лига «Алания»-йы бацырхайыны тыххæй тох кæнынц 12 командæйы. РЦИ-Аланийы КВН-ы паддзахадон театры директор Плиты Сослан: «Сезон райдыдта æмæ æнхъæлмæ кæсæм ногдзинæдтæм. Фæнысан кæндзыстæм уый, æмæ ацы аз хъазты бацархайын бафæндыд бирæ ног командæты. Кæд нырма хæрз æрыгон сты, уæддæр тырнынц хуыздæр суæвыныл æмæ мæнмæ гæсгæ уый сæ къухы бафтдзæн». Командæтæ иууылдæр тыхджын сты. Цæмæй адæмы зæрдæтæ балхæной уый тыххæй ног архайджытæ æрхъуыды кодтой ног хъæлдзæг радзырдтæ, темæтæ уымæй уæлдай ма сæ командæтæ дæр схуыдтой худæг нæмттæй. Архайджыты хсæн нæ республикæйы уæлдæр ахуыргæнæндæтты иугонд командæтæ дæр. Чидæр абон фыццаг хатт рахызт сценæмæ, кæмæндæр та ацы хъазт сси уарзон. Сценæйыл архайынц фæлтæрджын юмористтæ дæр. Се `хсæн Багаты Хетæг, Агайты Эльберд æмæ æндæр зындгон адæм. Ерысты архайджыты хыгъды не сты, фæлæ адæмы зæрдæтæ бахъæлдзæг кæнын алкæддæр сты цæттæ. Хъазты хатдзæгтæм гæсгæ «Алания»-йы лигæмæ бахаудысты 9 командæйы. Ацы лигæйæн у фыццаг æвзарæн къæпхæн. Дарддæр ма сæм æнхъæлмæ кæсы 4 хъазты. Æмæ традицимæ гæсгæ цы командæ рамбула, уый абалц кæндзæн Сочийы фестивалмæ. Бирæ домæнтæ сæххæст кæнын сæ хъуы. Фæлæ фæсивæдæн сæйрагдæр у – адæмы зæрдæтæ бахъæлдзæг кæнын. Худæг ныхæстæ æрхъуыды кæнынæн та цыргъзонд æмæ æрхъуыдыджынтæн баззад хæрз гыццыл рæстæг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цыргъзонд æмæ æрхъуыдыджынты клуб байгом кодта ног сезон
Категория:
Новости и СМИ