Бæрнон ныхас
Национ музейы рацарæзт ацы аз фæуынæн ма бахъæудзæн 100 млн сомы. Уый тыххæй Уæрæсейы хицауады сæрдары хæдивæг Ольга Голодецимæ фембæлды фехъусын кодта Битарты Вячеслав. Куыстытæ æххæстгонд цæуынц «культурæйы рæзты» федералон программæмæ гæсгæ. Фарон дæр музейы цалцæгыл схардз кодтой 106 млн сомы. Ольга Голодец æмбæлгæ структурæтæн бабар кодта æхца радих кæныны хъуыддаг фæтагъддæр кæнын. Уымæй уæлдай бафиппайдта, республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ ахуырады хуыздæрырдæм ивддзинæдтæ кæй æрцыд, уый. Ольга Голодец æмæ Битарты Вячеслав ма æрдзырдтой, Аланийыл Дзуæрттæ куы бафтыдтой, уый 1100 азы сбæрæг кæныны мадзæлттыл. Организацион комитеты разамонæг, куыд зонут, афтæмæй у Ольга Голодец. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Бæрнон ныхас
Категория:
Новости и СМИ