Хъæууон хæдзарады миныстрады куысты хаттдзæгтæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Ног азы къæсæрыл ма афæлгæсдзыстæм хъæууон хæдзарады хабæрттыл. Ацы къабазы кусджытæн дæр афæдз рауад хъæздыг æмæ ахадгæ. Цæгат Ирыстоны разамынды хъæппæрисæй хæдзарæдтæ чысылгай сæ къæхтыл слæууыныл архайынц. Сæхи тыхтæй дæр уавæр хуыздæрырдæм аивыныл кусынц. Уæлдай пайдаджын фесты ацы аз хъæууон хæдзарады гранттæ. Кæй къухы бафтыдысты, уыдон ныр сæ мулкæй сæрыстыр сты. Нæхæдæг дæр сæ иу æмæ дыууæ хатты нæ абæрæг кодтам, сымахæн дæр сæ æвдыстам. Ацы аз архайдтой, раздæр нæ республикæйы цы къабæзтæ парахатгонд нæ уыдысты, уыдоны рæзтыл дæр. Зæгъæм, спаржæйы цалдæр сæдæ гектары, кæсагдарыны фермæтæ æмæ ма бирæ æндæртæ. Фидæны азмæ нысæнттæ сты ноджы парахатдæр. Æмдыхæй хъуамæ къухы бафтой ноджы хуыздæр бæрæггæнæнтæ. ⠀ Хъæууон хæдзарады куыст йæ къæхтыл слæууын кæнын! Уый тыххæй нæ республикæйы æрвылаз арæзт цæуынц алыхуызон мадзæлттæ. Паддзахадон программæтæ тынг феххуыс вæййынц фермертæн, зæххкусджытæн æмæ куыстуæттæн. Ацы аз программæмæ цы фермерты бахастой, уыдоны хæдзарадтæм кæсы сæрмагонд къамис. Æххуыс чи райста, уыдоны ’хсæн Хынцæгты Барис. Фосы куыст фыццаг аз нæ кæны. Ивгъуыд аз хъæууон хæдзарадон программæйы фæрцы райста 14 милуан сомы. Самал дзы кодта стурвосы 160 сæры, монбиляр кæй хонынц, ахæм пъарод. Иу стур ласы 600 кг бæрц. Воронежы облæстæй сæ сластой. Алы хъуг дæр бонмæ дæтты 18 литры æхсыр. Фæстæдæр схиздзæн 40 литрмæ. Ахæм программæйы сæйраг нысан - республикæйы стурвосы нымæц фæфылдæр кæнын. Цæмæй йæ сыхаг регионтæй амал кæнын ма уал хъæуа. ⠀ Ахсджиаг хабарыл ма ис банымайæн Цæгат Ирыстоны скъолаты хистæр кълæсты ахуырдзаутæн ацы аз аграрон куысты бындурон зонындзинæдтæ кæй райдыдтой амонын, уый. Ахæм хъæппæрис бахаста Битарты Вячеслав. Практикæйы хуызы проект æххæст кæнынмæ равзæрстой Кировы районы, Змейкæйы 2-æм скъола. Ныр скъоладзауты ахуыр кæнынц зæххимæ архайын, халсартæ садзын æмæ тыллæг æмбырд кæнын. Проекты архайджытæ сты 6-æй 9-æм онг кълæссты ахуырдзаутæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хъæууон хæдзарады миныстрады куысты хаттдзæгтæ

Категория:

Новости и СМИ