Хъуырдзæвæджы хуынкъау
Йæ фæллад уадзынмæ хуссармæ чи агуылф кодта, уыдоны нымæц æнæнхъæлæджы цæхгæр фæфылдæр. Уымæ гæсгæ, Уæллаг Ларсы арæны сæрты хизджыты æнхъæлмæ кæсны бахъæуы 3-йæ 5 сахаты онг. Уый тыххæй хъусын кæны Цæгат Ирыстоны таможнийы пресс-службæ. Фæндагыл утæппæт адæмы тагъд ауадзынæн фадат нæй, æмæ дзы рады лæууын дæр уымæн бахъæуы. Таможнийы, стæй арæнхъахъхъæнджыты бахъуыд уæлæмхасæн тыхтæй спайда кæнын, цæмæй уавæр иучысыл фæрогдæр уа. Ныртæккæ Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны `хсæн фæндаг кусы æнæрынцойæ, ацæуыны фадат дзы ис хæдтулгæты алы хуызæн дæр. Рады лæууын шофырты бахъæуы Гуырдзыстоны рдыгæй дæр. Цæмæй адæм ма стыхсой, уый тыххæй сын Цæгат Ирыстоны архайынц сæ уавæр фæрогдæр кæныныл. Бынаты сарæзтой хæрæндæттæ, æнахъом сабитимæ чи цæуы, уыцы мадæлтæн та – хицæн уæттæ. Адæмы бон у сæхимæ базилын дæр санитарон æгъдауæй. Уæдæ дзы медицинон пункт дæр кусы. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ проектмæ гæсгæ Уæллаг Ларсыл æнæкъуылымпыйæ суткæмæ ацæуыны фадат ис 170 уæзласæн, 200 рог хæдтулгæйы æмæ 40 автобусæн. Адæмы бæрц та схæццæ вæййы 4 минмæ. Цæмæй йæ бамбарат, уыйтыххæй ма зæгъдзыстæм: ацы азы 30-æм июны арæны сæрты ахызт 12 мин адæймаджы, 2000 рог хæдтулгæйы, уæзласæнтæ та баисты 600. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хъуырдзæвæджы хуынкъау
Категория:
Новости и СМИ