Сиданты Артурæн хъæуы баххуыс кæнын

2 тыс. подписчиков

12+
12+

11 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

11 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

11 просмотров

5 лет назад

Нæ дарддæры æрмæджы хъайтарыл мæй йедтӕмӕ нӕ цыд, афтӕмӕй йӕм дохтыртæ зæрдæниз рабæрæг кодтой. Сиданты-Дыгъуызты Артур у 15-аздзыд лæппу. Баййæфта цалдӕр зын операцийы. Фæлæ уæддæр низ нæ сæтты. Йæ уавæр æвзæрæй æвзæрдæр кæны. Германийы клиникæтæй иуы бинонтæн ныфс бавæрдтой баххуыс кæнынæй. Фæлæ лæппуйы ныййарджыты авналæнтæ цыбыр сты. Сæ хъæбулы сдзæбæх кæнынмæ сæм æхцайы фæрæзтæ нæй. Сæ ныфс дарынц зæрдæхæлар æмæ, адæмы рис чи æмбары, ахæм хæрзгæнджытыл. Æнæмæнг хъуыддаг - хостæ бануазын æмæ туджы туаггуыр сбарын. Афтæ йæ алы райсом дæр райдайы Сиданты Артурæн. Арæх фæкæсы йе 'мгæртты фæдыл, скъоламæ куы фӕцӕуынц, уӕд. Йе стырдæр бæллиц - семæ тагъд рæстæджы бамбал уæвын. Уæдæ футболæй дæр бæргæ ахъазид. Фæлæ, хъыгагæн, лæппуйæн йæ гæнæнтæ цыбыр сты низы аххосæй. Йæ райгуырдæй йыл мæй куы сæххæст, уæд æм дохтыртæ рабæрæг кодтой зæрдæйы низ. Артуры мад Вандæ йæ хорз хъуыды кæны, Мæскуыйы клиникæйы хирург, не 'мзæххон, Хуыгаты Зазæйы амындмæ гæсгæ лæппуйы гæххæттытæ Германимæ куыд арвыста, уый. Сæ амондæн, афæдзы 'рдæгмæ фæсарæйнаг специалисттæ сразы сты Артурæн операци скæныныл. Лæппуйыл ныр цæуы 15 азы. Уæдæй абонмæ баййæфта 4 операцийы. Фæлæ бонæй-бонмæ Артуры уавæр взæрдæр кæны. Йæ зæрдæйы низ лæппуйæн бахъыгдæрдта йæ астæуыстӕг дæр. Дохтыртæ йын рафыстой сæрмагонд гæрз. Фæлæ йæ йе уæлæ куы скæны, уæд хуыдыг кæнын райдайы. Операцийæн цы æхцайы фæрæзтæ хъæуы, уыдон бинонтæм не сты. 84 мин æмæ 502 евройы. Ныридæгæн уал бантыст 13 мин евройы сæмбырд кæнын. Бинонты фарсмæ æрбалæууыдысты хæрзаудæн фонд «Быть добру»-йы бархионтæ. Артурæн баххуыс кæнын кæй фæнды, уыдонæн сæ бон у банчы хыгъды реквизиттæм æхцайы фæрæзтæ арвитын. Уыимæ ма, телефоны ӕрвыстаджы руаджы: «добро15» цыбыр номырмӕ 7522. Æрвыстаджы аргъ - 75 сомы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv