Цæуæн нæй!
Арвыкомы фæндагыл хæдтулгæтæн ацæуыны бар нæй. Уый тыххæй фехъусын кодта Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады пресс-службæ. Фæндаг сæхгæдтой знон æхсæвы 11 сахатыл. Бæрзæфцæджы тæссаг у зæйтæ рацæуынæй. Ныридæгæн дзы æрæмбырд 80 машинæйæ фылдæр. Уыдонæй 25 сты рог хæдтулгæтæ Ахæм уавæр ма cæвзæрд Транскамы дæр. Боныхъæды аххосæй йæ сæхгæдтой знон изæры 9 сахатыл. Хæдтулгæтæй дзы цæнттæ нæй. Дыууæ фæндагыл дæр кусынц хъармгæнæн пункттæ. Хохы нырма дæр тыхджын мит уары. Фæнысан ма кæндзыстæм уый, æмæ знонæй нырмæ Дзæуджыхъæуы æмæ нæ республикæйы кæцыдæр районты кæны тыхджын дымгæ. Уый аххосæй хъыгдард баййæфтой бирæуæладзыгон хæдзæртты сæртæ. Зæгъæм Шмулевичы номыл уынджы 13-æм хæдзары æмæ медицинон академийы бæстыхайы сæртæ дымгæ бахъыгдæрдта. Цоколаты Геннадийы номыл æмæ Ирыстойнаг уынгтыл та хæдтулгæтыл æрхаудысты бæлæстæ. Ныридæгæн æрдзон фæзынды фæстиуджытæ иуварс кæнынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæуæн нæй!
Категория:
Новости и СМИ