Талынджы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

Весеннийы уынджы 34-æм хæдзары цæрджытæн изæрыгон сæ цæрæн бынæттæм бахауын у зын хъуыддаг. Уый, уый тыххæй æмæ сæ алфалмблай рухсы цъыртт никуыцæй кæлы. Сæ телефонты рухсытимæ хъавгæ-хъавгæ фæцæуынц сæ къонатæм. 85-æм æмæ 88-æм рæвдауæндæтты цур дæр рухс нæй. Изæрдалынгты ныййарджытæ сæ сывæллæтты ракæнынц æмæ сæм сæ развæндаг нæ фæзыны. Бонæй-бонмæ уавæр нæ ивы. Ныййарджытæ рæвдауæндонæй сæ сывæллæты ракæнынц талынджы. Рæвдауæндоны цур рухсы цъырт нæй. Рухсы цæджындзтæ дзы бæргæ ис, фæлæ сæ пайда ницы ис. Адæмы ахæм уавæр тыхсын кæны. «Мæнæ афтæ хъизæмар кæнæм. Куыд талынг у уымæ ма бакæсут. Уæлдай дæр ныртæккæ бон цыбыр-раджы æрталынг вæййы. Мæнæ йæ мæ сывæллæттæй райс, сæ развæндаг нæ уынынц. Мæнæ дзы иу хаугæ дæр акодта. Мæхæдæг дæр æнæ чырæ телефоны рухсæй нæ фæцæуын. Уый руаджы сындæггай бахæццæ вæййын. Уый канд ацы рæвдауæндонмæ нæ хауы, 88-æм дæр ахæм уавæры ис», — Марина Лаврова. 85-æм æмæ 88-æм рæвдауæндæттæ кæрæдзимæ хæстæг арæзт сты. Се `хсæн цы фæндаг ис уымæ рухс никæцæй кæлы. Хæдзæртты цæрджытæ уый фæдыл хъаст кæнынц. Не мбарынц - хъуыддагыл цæуылнæ исчи бакусы. Весенняя уынджы 34 хæдзары цæрджытæ куыд зæгъынц афтæмæй цæрæнуатыл цæуы 30 азæй фылдæр. Уал азмæ дзы цæмæй рухс уа, уый нæ хъуыды кæнынц. Кæдæм фæцæуой æххуысгур уый дæр нæ зонынц. «Уый æцæгæйдæр у сæрниз. Куыд зонут афтæмæй з рæвдауæндоны сты кæрæдзийы фарсмæ. Скъола дæр нæм у хæстæг. Изæрыгон скъолайæ рацæуын у тынг зын. Талынг. Æппынæдзух дзы чидæртæ фæбады. Цы кусæг сты -Хуыцауæй йæ зонæг. Ам та нын ис сывæллæттæн фæзуат. талынджы уырдæм дæр ничи уæнды. Хæдзары фæсчъылдыммæ рацæуын дæр йæ ныфс ничи хæссы», — Весеннийы уынджы 34-æм хæдзары цæрæг Хъаряты Ханиффæ. Ай та у æндæр рæвдауæндон. Иннæтæй уæлдай ам фарстайыл бакуыстой сæхи хъарутæй. хæстæг хæдзæртты цæрджытæ сæхи хардзæй рухсы цæджындзтæ сæвæрдтой. Иннæ хъомыладон куыстуæтты рухс бауадзыны фарста хуыздæрырдæм кæд хъуамæ раива, уый тыххæй бахатыдыстæм Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацимæ. Фæлæ немæ ныхас кæныныл разы дæр нæ сысты. Уæдмæ та уал сывæллæттæ сæ ныййарджытимæ чырæ телефонтæй рухсгæнгæйæ уайынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Талынджы

Категория:

Новости и СМИ