Францийы сæйраг горæт Парижы цы стыр зынгсирвæзт æрцыд
Францийы сæйраг горæт Парижы цы стыр зынгсирвæзт æрцыд, уый фæстиуджытæ бирæ рæстæг бæрæг дардзысты. Куыд зонут, афтæмæй дзы пиллон артæй басыгъд Парижы Мадымайрæмы стыр аргъуан. Ацы бæстæйы цы ирон адæм цæры, уыдонæй иу - Наниты Захар - бон раздæр уыдис нæ эфиры. Радзырдта нын, фыдбылызæй Францийы цæрджыты зæрдæтæ куыд ныккæрзыдтой, уый тыххæй. Ирон лæппу йæхæдæг дæр хæстæг айста йæхимæ уыцы бæллæхы тыххæй хъусынгæнинаг. Фæлæ нæм не мзæххон афтæ бирæ видеоæрмæг æрбарвыста, æмæ ма дзы абон дæр спайда кæндзыстæм. Нанийы-фырт азылд, кæм цæры, уыцы Орлеаны уынгтыл, æмæ адæмимæ аныхас кодта. Бафарста сæ, Нотр Дам де Пари кæй басыгъд, стæй историон цыртдзæвæнæй дуне æнæхай æмæ æнæхайыр кæй фæцис, уый тыххæй. Цы йын радзырдтой, уый уын æвдисæм тæлмацгондæй. Тæлмацы автортæ - нæ уацхæсджытæ Хуасдзауты Алинæ æмæ Плиты Хетæг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Францийы сæйраг горæт Парижы цы стыр зынгсирвæзт æрцыд
Категория:
Новости и СМИ