Зонадон-рухстауæн хъазт "Къостайы фæндæгтæ" кæронмæ æрхæццæ ис

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Нæ телекомпанийы арæзт зонадон-рухстауæн хъазт "Къостайы фæндæгтæ" кæронмæ æрхæццæ ис. Конкурс баст уыдис, ацы аз Ирыстоны уарзондæр хъæбул Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл 160 азы кæй æххæст кæны, уыимæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, хъазт райдыдта 17-æм апрелы. Арæзт уыдис 7 къæпхæнæй. Йæ архайджытæ та уыдысты республикæйы скъоладзаутæ. 32-йы `хсæнæй финалмæ рацыдысты æртæйæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, хъазт райдыдта 17-æм апърелы. Арæзт уыд 7 къæпхæнæй. Кæд хъазты фыццаг хайы 32 адæймаджы архайдта, Кæронмæ æрхæццæ фыццаг республикон телевизион хъазт "Къостайы фæндæгтæ". Стыр ахуырадон-ирхæфсæн проект телеканал "Ирыстон" сарæзта Хетæгкаты Къостайы юбилейы кадæн. Сæ зонындзинæдтæ дзы бавзæрстой нæ республикæйы æппæт районты скъоладзаутæ дæр. 32 адæймагæй кæронбæттæн ерысмæ рацыд æрмæст 3 адæймаджы. Финалы хъазты агъоммæ семæ аныхас кодтам. Хуыздæрты æмрæнхъ кæй æрлæууыдысты, уый фæдыл се 'нкъарæнтæ не 'мбæхстой. Æртæ адæймагæй æвзæрст æрцыди иу уæлахиздзау. Æппæты тыхджыны æнцон равзарын нæ уыди, уымæн æмæ хъазты кæронмæ сывæллæттæ се *ппæт дæр æвдисын райдыдтой хорз зонындзинæдтæ. Æмæ дзы Кæд уæлахиздзау æрмæст иу сси, уæддæр се ппæт дæр хæст сты иу хъуыдыйыл. Хъазты кæй бацархайдтой, уый сын æрхаста стыр пайда æмæ ног зонындзинæдтæ. Скъоладзаутæн конкурсмæ сæхи бацæттæ кæнынмæ стыр æххуыс бакодтой сæ ахуыргæнджытæ. Куыд загътой, афтæмæй сывæллæттæн сæ зонындзинæдтæ æмæ се сфæлдыстадон курдиат равдисынæн телевизион конкурс радта хорз фадат. Конкурсы хæслæвæрдтæ уыдысты цымыдисаг. Иу турæй иннæмæ кодтой фылдæр æмæ зындæр. Зæгъæм, къамтæм гæсгæ базонын, Къостайы цард æмæ сфæлдыстадимæ баст адæмы. Уæлдай цымыдисаг уыдысты, чырынимæ баст фарстытæ. Сывæллæттæ хъуамæ базыдтаиккой, цы æмбæхст дзы ис, уый. Æппæт предметтæ дæр уыдысты Къостайы цард æмæ дугæй. Кæд æнцон хæслæвæрд нæ уыди, уæддæр æй конкурсанттæ хорз сæххæст кодтой. Хъазты уæлахиздзауы схорзæхджын кодтой путевкæйæ Уæрæсейы хуыздæр лагерьтæй иумæ. Призертæ та райстой дипломтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ нæ телеуынынады номæй. Конкурсы архайджыты зонындзинæдтæн аргъ кодтой жюрийы бæрнон уæнгтæ. Уыдон сты, Къостайы цард æмæ сфæлдыстад чи иртасы, ахæм специалисттæ æмæ ахуыргондтæ. Куыд бафиппайдтой, афтæмæй иу къæпхæнæй иннæмæ сывæллæты зонындзинæдтæ кодтой уæрæхдæр æмæ арфдæр. Жюрийы уæнгты хъуыдымæ гæсгæ, конкурс хæссы стыр æвæрæн ирон æвзажы рæзтмæ. Пайда у канд сывæллæттæн нæ, фæлæ сæ ахуыргæнджытæн дæр æмæ ма раст телевизормæкæсджытæн дæр. Конкурсы аразджытæ проектыл кусгæйæ архайдтой, цæмæй æппæт æрмæджытæ дæр канд зонадон хуызы ма уой, фæлæ ма нывæст уой сфæлдыстадон æмæ аиавдон ахорæнтæй. Конкурс кæронмæ æрхæццæ, фæлæ нæма фæци Къостайы аз. Ахæм проекттыл телеуынынад Ирыстон кусдзæн фидæны дæр. . Телеуынынады кусджытæ цæттæ кæндзысты æндæр цымыдисаг программæтæ æмæ конкурстæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Зонадон-рухстауæн хъазт "Къостайы фæндæгтæ" кæронмæ æрхæццæ ис

Категория:

Новости и СМИ