Хæстæй фыстæджытæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар дæр Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг уыди.  Аркъауты Тазе. Ацы хъæбатыры тыххæй зонынц Æрæфы районы æппæт цæрджытæ дæр. Бирæ æзты æбæрæгæй сæфтыл нымад уыди. Фæлæ хæрз æрæджы йæ бинонтæ йын йæ ном ссардтой. Куыд рабæрæг, афтæмæй Аркъуты Тазе Хæсты рæстæг бахауд уацары. Бирæ зындзинæдтæ баййæфта, фæлæ сæрыстырæй йæ царды фæндагыл цыд. Уæды рæстæг ныффыста бирæ фыстæджытæ. Алы рæнхъ дæр – йæ уæззау хъысмæты æвдисæн. Аркъауты Хадохчихъойы хъæбатыр фыртты тыххæй зонынц æппæт районы цæрджытæ дæр. Се 'ппæт дæр удуæлдайæ хæсты рæстæджы фæуæлахиз уæвыныл тох кодтой. Авдæй ацыдысты хæсты быдырмæ. Фæстæмæ та сыздæхтысты æрмæстдæр æрцыппарæй. Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты уæлахизы бон цæмæй ралæууа, уый тыххæй йæ цард чи снывонд кодта, уыдонæй иу уыд Аркъауты Валяйы фыд, Тазе дæр. Аркъауты Валяйыл дыууæ азæй йеддæмæ нæ цыдис хæст куы райдыдта, уæд. Фæлæ уæддæр ирдæй йæ цæстытыл уæйынц уыцы рæстæджы цы зындзинæдтæ æййафтой адæм, уый. Йæ фыд хæстмæ куы ацыдис, уæд дзы бирæ рæстæг фыстæджытæ нæ истой. Кæм уыдис æмæ цы уавæрты, уый бæлвырдæй нæ зыдтой. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй бирæ фыдæбæттæ бавзæрста. Уацары бахауд Кировограды лагеры. Йæ зындзинæдты тыххæй ныффыста пъисмоты дæр. Уыцы рæнхъытæ кæсгæйæ адæймагæн йæ зæрдæ суынгæг вæййы. Лагеры йемæ бафтыд Муриты Гетæгъæз. Уыимæ сæ къухы бафтыд лагерæй ралидзын. Сындзын телты сæрты ахизгæйæ, бонæй иу сæхи æмбахстой, æхсæв та – лидзгæ. Афтæмæй, бахæццæ сты Украинæмæ. Уым бафтыдысты партизантæм, уырдыгæй та- сæхи æфсæддон хайадмæ – 97 гвардимæ. Уæдæй нырмæ Аркъауты Валя йæ фыды тыххæй ницы зыдта. Нымад уыдис æбæрæгæй сæфтыл. Бирæ азты дæргъы йæ агуырдтой канд Уæрæсейы нæ, фæлæ ма фæсарæнты дæр. Фарон, 8 майы, Валяйы чызг йын йæ хъысмæты тыххæй базыдта. Польшæйы фæмард хæсты рæстæджы æмæ йæ уым баныгæдтой. Арткъауты Тазе пъисмотæ арæх фыста, æмæ уыдоны руаджы йæ кæстæртæ зонынц, абоны сабырдзинады сæрвæлтау цавæр зындзинæдтæ бавзæрстой нæ фыдæлтæ, уый. Тазе хæсты рæстæджы снайпер уыд. Бирæ немыцæгтæ фæмард йæ къухæй. Йе`мзæххонæн та йæ цард фервæзын кодта. Йæ цард хæсты уæлахизæн чи снывонд кодта, уыцы хъæбатырты нæмттæ хъуамæ рох ма уой. Ахæм хъуыдыйыл хæст сты Аркъауты Тазейы хиуæттæ дæр. Хæсты архайджыты нæмттæ цæмæй рох ма уой, уый тыххæй сæ фæстæ кæй ныууагътой, уыдон хъуамæ аккаг аргъ кæной æнусты фæстæ дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хæстæй фыстæджытæ

Категория:

Новости и СМИ