Бæстæйы уæлдæр ахуырадон уагдæтты дарддæр цæуы курдиæттæ исæн кампани
Бæстæйы уæлдæр ахуырадон уагдæтты дарддæр цæуы курдиæттæ исæн кампани
Бæстæйы уæлдæр ахуырадон уагдæтты дарддæр цæуы курдиæттæ исæн кампани. Абитуриенттæн сæ гæххæттытæ бадæттын сæ бон у, куыд комкоммæ хуызы, афтæ посты руаджы, кæнæ уагдæтты информацион системæты уылты. Сервис «Поступление в вуз онлайн»-ы фæрцы та хъуыддагæн 5 минут йеддæмæ нæ бахъæудзæн. Ацы аз рауагъдонтæн рахай кодтой 626 мин лæвар бынаты, уыдонæй 36 мин — Луганск æмæ Донецуы адæмон республикæтæ, Запорожье æмæ Херсоны облæсттæй абитуриенттæн. Льготæтæ бацæттæ кодтой сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ сывæллæттæн дæр, уыимæ бæстæйы хъайтартæ æмæ лæгдзинады орденты хицæуттæн. Курдиат бадæттæн ис 25 июлы онг. Ахуырадон уагдæттæм бахауыны сæйраг къæпхæн ахæсдзæн 3-æй 9-æм августы онг.