Техникон сфæлдыстады рæзт
Цæгат Ирыстоны фыццаг технопарк байгом уыдзæн уалдзæджы. Йæ проекты презентаци абон сарæзта республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министр Азымты Иринæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, технопарчы бæстыхæйттæ уыдзысты афтæ арæзт, цæмæй дзы сывæллæтты бон уа робототехникæйæ, микробиологийæ, IТ-технологитæй æмæ техникæйы æндæр хуызтæй архайын. Ахуыр ма кæндзысты æрдззонæн наукæтæ. Технопарчы ахуыр кæныны фадат уыдзæн 11 азæй 16 азы онг кæуыл цæуы, ахæм 1000 сывæллонæн. Уымæй уæлдай ма проект фæахъаз уыдзæн уæлдæр скъолаты цур технологон куыстуæтты æмæ республикæйы наукон центрты æмгуытадæн. Министры ныхастæм гæсгæ, техникон сфæлдыстады центрты зæронд кусæнгрæзтæ кæй ис, уымæ гæсгæ сæм сывæллæттæ тынг разæнгардæй нæ цæуынц. Уавæр аивынæн республикæйы сæргълæууæг рахаста уынаффæ – Дзæуджыхъæуы технопарк Кванториум байгом кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Техникон сфæлдыстады рæзт
Категория:
Новости и СМИ