Паддзахадон арæн хæдзары къæсæр нæу
30 адæймагæй фылдæр ивгъуыд къуыримæ `фхæрд æрцыдысты барадон æгъдауæй, арæны сæрты æнæзакъонæй кæй хызтысты, уый тыххæй. Ахæм хатдзæгтæ рауад сæрмагонд операци «Нелегал-2018»-æн. Арæнхъахъхъæнджыты пресс-службæйæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй ахæм куыст кæнын уагдон райдыдта 15-æм майы. Уæдмæ Æдасдзинады службæйы кусджытæн бантыст 30 рейды саразын æмæ ма 26 закъонхалæджы раиртасын. Уыдон фæнд кодтой Уæрæсейы исты амалæй фæфидар уæвын æмæ афтæмæй исты куыст ссарын. Кæй баурæдтой, уыдон сты Арменийы, Азербайджаны, Таджикистаны æмæ Узбекистаны минæвæрттæ. Се `ппæты дæр азымы дарынц административон барадхæлдтыты Кодексмæ гæсгæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Паддзахадон арæн хæдзары къæсæр нæу
Категория:
Новости и СМИ