Дзæуджыхъæуы коммуналон службæ архайы, цæмæй фæндæгтæ бырынцъаг ма уой
Абон Дзæуджыхъæуы коммуналон службæты куыст райдыдта райсомы 5 сахатыл. Кусджытæ архайынц, цæмæй фæндæгтæ бырынцъаг ма уой. Тæссагдæр уадздзæгтыл калдтой змис æмæ цæхх. Къахвæндæгтæ, æхсæнадон транспорты æрлæууæнтæ æмæ асинтæ сыгъдæг кодтой 200 адæймаджы. Уæлдай æргом аздæхтой скъолатæ, рæвдауæндæттæ æмæ æндæр социалон объектты фæзуæттæм.