РЦИ - Аланийы парламенты æмбырды æрныхас кодтой ахсджиаг закъоны проекттыл
Цæгат Ирыстоны бюджет хæстæгдæр æртæ азмæ нысангонд æрцыд. Æмбæлгæ закъоны проектыл æрныхас кодтой республикæйы парламенты æмбырды. 2022 азы бюджеты æфтиæгтæ уыдзысты 41 миллиард сомæй фылдæр. Хæрдзтæ та 42 миллиарды бæрц. Фæрæзтæ, фыццаджыдæр, рахай кæндзысты бюджетон къабазы кусджыты мыздæн. 100 милуан сомæй фылдæр райсдзысты муниципалон скондтæ æнæхицау цæрæгойтæн сæрмагонд бынæттæ саразынæн. Фæзындзысты Æрыдон æмæ Мæздæджы. 2022 азы ма ирон æвзаг бахæсдзысты «яндекс-переводчик» сервисы æвзæгты хыгъдмæ. 15 милуан сомы рахай кæндзысты Дзанайты Азæнбеджы номыл аивадон училищæ æмæ Тугъанты Махарбеджы номыл музейы бындурон цалцæгæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv