Тускъаты Таймуразы разамындæй ацыд Парламенты 28-æм æмбырд
Тускъаты Таймуразы разамындæй ацыд Парламенты 28-æм æмбырд. Ныхас цыд хъалонты паддзахадон системæйы рацарæзты федералон закъоны проекттыл. Бюджет, хъалонтæ, исбонад æмæ кредитон куыстуæтты комитеты разамонæг Хæдарцаты Аслæнбег куыд фæнысан кодта, афтæмæй цы ногдзинæдтыл хъæуы æрдзурын, уыдоны тыххæй хъусын кодта Президент Владимир Путин йæ раныхасы рæстæг. Уый хыгъд, Уæрæсейы бюджетон кодексмæ фæнд кæнынц ивддзинæдтæ бахæссын. Се 'хсæн закъоны бындурыл Уæрæсейы субъекттæ федералон бюджетæй цы хæстæ дарынц, уыдоны 2/3-æм хайы суæгъд кæнын. Ивддзинæдтæ хаст æрцæудзысты хъалонты фæрæзтæ раст баиуарыныл. Иннæ проектыл бакуыстой бæстæйы фæллой æмæ социалон рæзты министрады, уый парахат кæндзæн бинонты паддзахадон политикæ. Депутаттæ рахæцыдысты æртæ проекты фарс дæр. Тускъаты Таймураз загъта, нæ республикæ дарддæр кæй кусдзæн Президент йæ раныхасы рæстæг цы ахсджиаг фарстатæ фæнысан кодта, уыдоныл.