Дзанайты Б. уыд тæрхондоны размæ цæстдарæг оргæнты уынаффæмæ ногæй æркæсыны системæйы фæдыл æмбырды
Премьер Дзанайты Барис видеоконференцийы хуызы архайдта Уæрæсейы хицауады аппараты разамонæг Дмитрий Григоренкоимӕ æмбырды регионты минæвæрттимæ. Æрныхас кодтой цæстдарæг оргæнты уынаффæтæм тæрхондоны размæ ногæй æркæсыны системæйыл. Уæрæсейы субъекттæ уыцы системӕимӕ кусынмæ куыд цæттæ сты, ууыл. 1-æм январæй фæстæмæ федералон закъонмæ гæсгæ цæстдарæг ведомствоты хъуамæ хуымæтæг адæм æмæ амалхъомады минæвæрттæн радтой уынаффæтæм тæрхондоны размæ ногæй æркæсыны бар. Уымæн та хъæуы паддзахадон лæггæдты порталы хи кабинеты æмбæлгæ информаци бафыссын æмæ йæ цæстдарæг ведомствомæ арвитын. Раздæр уынаффæмæ ногæй æркæсыны фадат уыд æрмæст тæрхондоны, æмæ-иу бахъуыд цалдæр мæйы. Ныр та уынффæмæ хъуамæ 20 боны æмгъуыдмæ æркæсой. Регионалон цæстдарæг 1 мин 210 оргæны ног процедурæмæ сты цæттæ. Бафтаудзыстæм ма уый, ӕмӕ системæ федералон æмвæзадыл кусын райдыдта ацы аз 1 июлы. Ныртæккæ тæрхондоны размæ уынаффæмæ ногæй æркæсыны системæмæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны кусынц хицауады 14 цæстдарæг оргæны. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv