Сывæллæтты театр «Саби»-йы 2020 азы райдайдзысты цалцæггæнæн куыстытæ
Сывæллæтты театр «Саби»-йы 2020 азы райдайдзысты цалцæггæнæн куыстытæ. Конд цæудзысты национ проект «Культура»-йы фæлгæты. Бындурон цалцæгæн радих кодтой 32 милуан сомы. Куыстытæ радайдзысты уалдзæджы, ахæсдзысты цалдæр мæйы. Ацы цаумæ театры кусджытæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Коллектив сæ бæстыхайы æрбынат кодта ивгъуыд æнусы æхсайæм азты кæрон. Æмæ дзы уæдæй нырмæ ницы ивддзинæдтæ æрцыд, уыйдæр раст нæу. Цалдæр азы размæ сценæ нырыккон кусæнгæрзтæй сифтонг кодтой. Уæд республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъæппæрисæй бæстыхай сцалцæг кæнынæн рахай кодтой æхцайы фæрæзтæ. Ацы бæстыхайы æрбынат кодта 60-æм азты. Уæд дзы спектакльтæ æвдисынмæ хъæугæ уавæртæ нæ уыд. Бæстыхайыл цæуы 100 азæй фылдæр. Арæзт æрцыд 1914-æм азы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сывæллæтты театр «Саби»-йы 2020 азы райдайдзысты цалцæггæнæн куыстытæ
Категория:
Новости и СМИ