Мæздæджы районы цæрджытæ цæрджытæ цæстфæлдахæджы азары бахаудысты
Цæгат Ирыстоны пъæлицæйы кусджытæ цæстфæлдахджыты гæды митæй хъахъхъæнынц республикæйы цæрджыты. Фæлæ фыдгæнджытæ нырыккон царды уагимæ æмдзу кæнынц. Иу хаттæй иннæмæ æрхъуыды кæнынц ног системæтæ. Уыдоны руаджы раафтид кæнынц адæмы дзыппытæ. Цымыдисаг ма уый у, æмæ фыдгæнæг иу горæты, афтæмæй йæ бон у бахъыгдарын мингай километры даррдæр дзы чи цæры, ахæм адæймаджы. Æрæджы 71-аздзыд пенсионер Милетинæ Гусевамæ æрбадзырдта æнæзонгæ нæлгоймаг. Йæхи схуыдта пъæлицæйы кусæг. куыд ын загъта, афтæмæй, дам, йæ хъæбулы хъæбул фыдракæнд сарæзта. Ныртæккæ дам ын тæссаг у ахæстонмæ бахауынæй. Æнæзонгæ нæлгоймаг ма Милетинæ Гусевайæн загъта, кæд бæлвырдгонд банчы картæмæ 88 мин сомы рарвита, уæд ын йæ хъæбулы хъæбулы ссæрибар кæндзысты, зæгъгæ. Сылгоймаг æй абон дæр нæма æмбары нæлгоймаг ын кæцæй зыдта йæ хъæбулы ном, мыггаг, уыимæ ма кæм ахуыр кодта уый дæр. Цæстфæлдахæджы азары ма бахауд 63 аздзыд сылгоймаг Ольга Алексеева. Уый дæр телефонæй мæнг пъæлицæйы кусæгимæ дзырдта. Уый сылгоймагæн фæхабар кодта, йæ хойы лæппу фыдбылызы кæй бахауд. Сылгоймаг фыццаг фæдызæрдыг, фæлæ хæтæлы йæ хойы лæппу æмæ хойы хъæлæс куы фехъуыста, уæд уайтагъд сразы 50 мин сомы арвитынмæ. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй йæ хойы хъæлæс фыдгæнæг раздæр ныффыста диктофонмæ. Ацы цауты тыххæй Тюмены мидхъуыддæгты кусджытæ байгом кодтой уголовон хъуддæгтæ. Барадхъахъæнджытæ сбæрæг кодтой фыдгæнæг-иу цæрджытæм цы дыууæ телефонæй дзырдта, уыдон. Нæлгоймаг йæ аххосыл басаст. Азымджынæй æй кæнынц 9 фæлитой хъуыддаджы ракæнды. Уымæй уæлдай ма слестгæнджытæ дарддæр бæрæг кæнынц æндæр ахæм хъуыддæгтæм ма исты бар дары æви нæ. Цæмæй цæстфæлдахджыты гæды митæй адæмы бахъахъæной, уый тыххæй Мæздæджы районы пъæлицæйы кусджытæ дарддæр дæр араздзысты профилактикон мадзæлттæ. Ахæм хуызы æмбарæн ныхæстæ, адæмы æдасдзинадæн пайда кæй уыдзысты, ууыл барадхъахъæнджытæ дызæрдыг нæ кæнынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Мæздæджы районы цæрджытæ цæрджытæ цæстфæлдахæджы азары бахаудысты
Категория:
Новости и СМИ