Æнæниздзинад хъахъхъæнынады службæйы куыст
Ивгъуыд аз фармацевтон куыстуаттæ сгаргæйæ. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады службæ рабæрæг кодта мин закъонхæлдæй фылдæр. Уый 2016-æм азимæ абаргæйæ дыууæ хатты фылдæр у. Уый тыххæй Цæгат Ирыстоны парламенты æмбырды радзырдта бæрнон уагдоны сæргълæууæг Ольга Давыдова. Закъонхæлдтытæ кæй фæфылдæр сты, уый баст у Æнæниздзинад хъахъхъæныдыды службæйы бынæттон хайады бартæ кæй фæфылдæр сты, уыимæ. Зæгъæм, ныртæккæ сæ бон у лицензитæм дæр цæст дарын. Ольга Давыдовайы ныхæстæм гæсгæ, сгæрстыты 70 проценты уыдысты æнæрадон. Арæзт уыдысты прокуратурæйы уынаффæмæ æмæ адæмы хъæстытæм гæсгæ. Цæгат Ирыстоны ныртæккæ лицензитимæ кусы 420 фармацевтон организацийы. Уыдонæй 150 сты паддзахадон. Ведомствойы куыд зæгъынц, афтæмæй æгъдаухæлдтытæ баст сты медицинон ифтонггарз æмæ хостæ æмбæлгæ уавæрты кæй нæ дардтой, уыимæ. Депутаттæ ма ныхас кодтой хицæн адæймæгты исбоныл хъалонтæ сæ кадастрон аргъмæ гæсгæ конд кæй не сты, ууыл дæр. Ахæм объекттæ ныртæккæ нæ республикæйы ис 180 минæй фылдæр. Финансты министры хæдивæг Дзæгъойты Аланы ныхæстæм гæсгæ, ног фæтк нæ республикæйы бюджеты æфтиæгтæ фæфылдæр кæндзæн. Схæццæ уыдзысты 50 милуанмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æнæниздзинад хъахъхъæнынады службæйы куыст
Категория:
Новости и СМИ