Фидæнмæ къахдзæфтæ
Фидæны дæсныйад равзарын алы скъоладзауæн дæр зын вæййы. Разæнгард цæмæ сты, уыимæ базонгæ уæвын дæр æнцон нæу. Æппæтуæрæсон адæмон фронты минæвæрттæм ис сæрмагонд проект «Профстажировкæ», зæгъгæ. Йæ фæлгæты скъолаты ахуырдзауты зонгæ кæнынц, цы дæсныйæдтæ сты хъæугæ нæ республикæйы, уыдонимæ. Иу ахæм мадзал фæсивæдæн сарæзтой абон дæр. Ацы фæсивæд, гæнæн ис, æмæ хуымæтæг куыст нæ агурынц.Сæ фидæнмæ æвзыгъдæй кæсынц. Дзæуджыхъæуы 11-æм æмæ 27-æм скъолаты ахуырдзаутæн сарæзтой фембæлд агропромышленнон комплекс «ФатАгро»-йы минæвæрттимæ. Равдыстой сын æмæ сæ базонгæ кодтой, хъæууон хæдзарады нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм технологитимæ. Технологтæ, биологтæ, химиктæ æмæ механиктæ скъоладзаутæн бæлвырдæй дзурынц сæ куысты сусæгдзинæдты тыххæй. Уымæй уæлдай ма фæсивæд базонгæ сты æндæр куыстуæтты архайдимæ - Баварийы завод, хъæдгуыстгæнæн фабрикæ «Гутичер» æмæ сæлдæгуадзæн куыстуатимæ. Ахуырдзаутæн сарæзтой экскурситæ, цы фæрстытæ сæ цымыдис кæнынц, уыдонæн сын дзуаппытæ радтой. Æмбырды кæронбæттæн та - пресс-конференци. Уым скъоладзаутæ аныхас кодтой куыстуæтты хицæуттæ æмæ разамонджытимæ. Сæхæдæг абон цы федтой, уымæй хъуамæ стæй ныффысой нывæцæн. Æппæтдунеон адæмон фронты уæнгтæ мадзалæй разыйæ баззадысты. Сæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм хуызы скъоладзаутæ тагъддæр сбæрæг кæндзысты, цы дæсныйады сæ фæнды кусын, уый. Сæрмагонд проект «Профстажировкæ», зæгъгæ. Аразынц æй нæ бæстæйы алы регионы дæр. Дзæуджыхъæуы фидæны дæсныйæдты сусæгдзинæдтæ раргом кодтой 30 адæймагæн. Ууыл нæ `рынцайдзысты. Пъланмæ гæсгæ, ахæм мадзалы хъуамæ бацархайа мин скъоладзауæй фылдæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Фидæнмæ къахдзæфтæ
Категория:
Новости и СМИ