Фидæныл хъуыдыимæ
Хъæууон хæдзарады фидæнмæ нæ хицауад куыд фæндыйы цæстæй нæ кæсы. Фермæты куыст райдайын та æнцон нæу. Уæлдайдæр – хæхбæсты. Фæлæ кусынмæ сæрæн уæвын зындзинæдтæ аиуварс кæны. Нæ республикæ та кæддæриддæр фæзминаг кусджытæй цух нæ уыд. Чи сты нæ дарддæры æрмæджы хъайтартæ æмæ цавæр куыст кæндзысты хæххон сæрвæтты, уый зонынц нæ уацхæсджытæ. Cыгъдæг уæлдæф æмæ цъæх нæутæ. Горæтмæ ввахс нæй ацы бынат. Алагиры районы Ходы хъæу ис 2 мин метры бæрзæнды. Дзугкойты Вадим ам амайы экологон домæнтæн дзуапдæттæг фермæ. Ныридæгæн уал самадта скъæт æмæ дзы бакодта стурвос. Цымыдисаг æм каст, куыд фæхæцдзысты, уый. Фæлæ хатдзæгтæ йæ зæрдæмæ фæцыдысты. Йæ пълæнтты ма ис а-дыууæ мæйы йæхи фермæ байгом кæныны фæнд. Куыд зæгъы, афтæмæй пайдайаг фæуыдзæн æппæт республикæйæн. Ахæм фермæ ма фæнд кæнынц байгом кæнын Уæллаг Зджыды. Уый дæр хауы Алагиры районмæ. Фермæ самайыны фарстатыл кæронмæ нæма бакуыстой, фæлæ уæддæр ахæм куыстуаты хъомыс бæрæг дары. Куыд зæгъынц, афтæмæй хъуамæ скусой фæззæджы ацы аз. Уæрæсейы нæ республикæмæ æппæты къаддæр зæххытæ ис. Фæлæ хæххон сæрвæттæ егъау сты. Ис сæм сæрмагонд цæстдард. Хойраг æмæ хъæууон хæдзарады министрад аразы хицæн программæ. Амынд дзы куыд ис, афтæмæй ахæм фæзуæтты фарстатыл кусдзысты сæрмагонд пъланмæ гæсгæ Фидæны фермæйы бынат бабæрæг кодта нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Йæ зæрдæ дары, хъæууон хæдзарады куыстæн хорз ахъаз кæй фæуыдзысты. Республикæйы разамындæй цы аразгæ у, ууыл сæхи н` атигъ кæндзысты. Цæмæй хæххон сæрвæтты фермерты кусынмæ разæнгард кæной, уый тыххæй афæдзы `рдæджы размæ республикæйы хицауад зæххы хаццон дыууæ хатты фæкъаддæр кодта. Хорз пайда кæй фæци, уый бæрæг у: тагъд рæстæджы дыууæ фермæйы сæ продукци республикæйы цæрджытæм фæхæццæ кæндзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Фидæныл хъуыдыимæ
Категория:
Новости и СМИ