Мæгуыр адæмы агурдзысты автоматикон хуызы
Пенсион фонд сфæлтæрдзæн мæгуыр адæмы агурыны автоматикон системæйы куыст. Пайда дзы кæндзысты Уæрæсейы пенсион фонд æмæ социалон æгъдауæй ифтонг кæныны иумæйаг системæтыл æнцайгæйæ. Раздæр уал ног методикæ скусдзæн 8 регионы. Фидæны та ног технологи фæнд кæнынц æгас бæстæйыл дæр апарахат кæнын. Ногдзинæдты тыххæй информацион агентад «РИА Новости»-йæн фехъусын кодта Уæрæсейы пенсион фонды сæрдар Антон Дроздов. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы иртæстытæ араздзысты 2024-æм азмæ Уæрæсейы мæгуырдзинады æмвæзад фæкъаддæр кæныны тыххæй. Ацы хæс сын сæ размæ сæвæрдта президент Владимир Путин майы уынаффæты. Антон Дроздов фæнысан кодта, ныртæккæ ног технологийыл разæнгардæй кæй кусынц. Ныридæгæн уал дзы пайда кæнынц кæцыдæр регионты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Мæгуыр адæмы агурдзысты автоматикон хуызы
Категория:
Новости и СМИ