Дзæуджыхъæуы сарæзтой семинар «Фæллой хъахъхъæнынады ахсджиагдæр фарстатæ»
«Фæллой хъахъхъæнынады ахсджиагдæр фарстатæ». Ахæм сæргондимæ семинар сарæзтой компаниты къорд «Атон» æмæ Цæгат Ирыстоны профилон министрад. Архайдтой дзы 130 адæймагмæ хæстæг. Се 'хсæн специалисттæ, æххæстгæнæн хицауады органты минæвæрттæ, бюджетон организациты кусджытæ æмæ куыстдæтджытæ. Ныхас цыд хицæн адæймæгты куысты рæстæг бахъахъхъæныны мадзæлтты тыххæй, стæй куыстуæтты тæссаг уавæртыл дæр æрдзырдтой. Æрлæууыдысты ма, фæллойæн цы фадæттæ арæзт цæуы, уыдонæн аргъ кæныны фарстайыл. Лектор та уыд компани «Атон-Премиум-Юг»-ы фæллой хъахъхъæныны наукон-техникон центры сæйраг директор Алексей Алесик.