Cæ сыкъатыл систой
Горæтгæрон районы æмæ республикæйы цæрджыты тыхсын кæны, мард цæрæгойтæн Октябрскæйы цы æмбырдгæнæн дзыхъхъ ис, уый. Иуæй йæ йæхи бар ныууагътой æмæ йæм цæстдард нæй, иннæмæй та 5 азы закъонхæлдтытимæ кусы. Мард стурвос адæм ардæм ласынц æмæ сæ куыдфæндыйæ аппарынц. Сæрмагонд ран уымæн сарæзтой 2013 азы. Дзыхъхъ у 10 метры арфæн. Фæлæ биологон æдасдзинады домæнтæн дзуапп дæтты æви нæ, уый тынг дызæрдыггаг у. Фыццаджыдæр йæ бацæуæн æмæ йæ алывæрсты быру хъуамæ æвæрд æрцæуа. Фæлæ ам бынæттон администраци æмæ ветеринарты ныхас фæныхмæ вæййы. Мард цæрæгойты æмбырдгæнæнмæ чи хъуамæ зила, уый кæрæдзийы аххос кæнынц. Уæвгæ прокуратурæ домы, цæмæй закъон æххæстгонд æрцæуа. Ныридæгæн уал Горæтгæрон районы администрацимæ арвыстой æмбæлгæ гæххæтт. Æххæст кæнынмæ йæм чи фæфыццаг уыдзæн, уый зын зæгъæн у. Ветеринартæ æмæ администрацийы сæ кæрæдзийы хъуын-хъис хæрынæй нырма нæма равдæлд. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Cæ сыкъатыл систой
Категория:
Новости и СМИ