Дегъуаты Владимиры схорзæхджын кодтой Республикӕ Цӕгат Ирыстоны наукӕйы сгуыхт архайӕджы номæй
Дегъуаты Владимиры схорзæхджын кодтой Республикӕ Цӕгат Ирыстоны наукӕйы сгуыхт архайӕджы номæй. Историон наукæты доктор, МГИМО-йы æхсæнадæмон ахастдзинæдтæ æмæ æддаг политикæйы кафедрæйы профессор Дегъуаты Владимир бирæ азты фæллой кæны наукæйы къабазы. Ныффыста наукон чингуытӕ Цӕгат Кавказӕн йӕ историон ӕмӕ нырыккон фарстатыл, у национ ахастдзинӕдты фӕдыл мониторингы къамисы уӕнг Уӕрӕсейы Президенты цур Советы. Иртасæн куыст кӕнынӕй уæлдай ма Дегъуаты Владимир у ахуыргæнæг дæр. Стыр æвæрæн бахаста Цæгат Ирыстонæн наукон кусджыты цæттæ кæныны хъуыддаджы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv