Ипотекæйы фиддонты бæрц фæкъаддæркæныныл бакусдзæн ЦентроБанк

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

Ипотекон кредитты фиддонты бæрц цæмæй фæкъаддæр уа, ууыл бакусын Уæрæсейы хицауад бабар кодта ЦентроБанкæн. Хицауады сæрдар Михаил Мишустин уыцы хæс бабар кодта фыццаг вице-премьер Андрей Белоусовæн æмæ вице-премьер Марат Хуснуллинæн. Фарста райхалынæн цавæр мадзæлттæ саразæн ис, уыдоны тыххæй æрдзурдзысты 16-æм мартъийы. Рефинансировани кæй хонынц, уымæн хъæуы скæнын æмбæлгæ уавæртæ - фæнысан кодта Михаил Мишустин. Уымæй уæлдай экономикон райрæзты министрад, Росреестр æмæ Уæрæсейы арæзтады министрад хъуамæ бацæттæ кæной, æнæпайдайæ цы зæххы хæйттæ лæууынц, уыдоны хыгъд. Хъуамæ сбæлвырд кæной æмæ сæ арæзтадон къабазæн раттой. Вице-премьер Дмитрий Чернышенкойæн бабар кодта цæрæнуат кредиты райсыны сæрмагонд программæты тыххæй информаци адæммæ хæццæ кæнын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, хицауады æмбырды раздæр Михаил Мишустин æрдзырдта ипотекæйы ставкæ фæкъаддæр кæныныл. 9% ставкæ у æгæр бирæ, хъуамæ суа 8%, æмæ ууыл ныр кусдзæн Уæрæсейы хицауад. Уыимæ раздæр цы кредиттæ лæвæрд æрцыд, уыдонæн дæр рефинансировани скæныны фадат хъуамæ уа. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Ипотекæйы фиддонты бæрц фæкъаддæркæныныл бакусдзæн ЦентроБанк

Категория:

Новости и СМИ