Ахсджиаг балц

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 лет назад

Республикæйы Парламенты уæнгтæ кусæг балцы уыдысты Горæтгæрон районы. Ам цæрынц алы адæмыхæттыты минæвæрттæ. Районы цæрджытæ æдæппæтæй сты 100 мин адæймаджы. Депутаттæ бабæрæг кодтой Октябрьскæ, Сунжæ, Архонкæйы станицæ, Джызæл æмæ Черменыхъæу. Балцы размæ Парламенты сæрдар Алексей Мачнев депутаттæн радта хæслæвæрдтæ. Делегаци адих цалдæр хайыл. Фыццаджыдæр, бабæрæг кодтой куыстуат «Октябрьское». Ардыгæй æрвылбон рараст вæййы 14 автобусы. Кусынц бæлвырд балцвæдмæ гæсгæ. Куыстуаты уавæр иууыл хорз нæу, æййафы бирæ хæрдзтæ. Куыстуаты æппæт зындзинæдты тыххæй фехъусын кодтой Парламенты депутат Бурдзиуты Валерийæн. Уæлдай æргом депутаттæ аздæхтой районы сæйраг рынчындонмæ. Терапийы хайады бæстыхай хъæуы бындуронæй сцалцæг кæнын. Къултæ уымæл æмæ хъуынайы бын фесты. Сæйрагдæр та, хъармгæнæн хæтæлтæ заууат уавæры кæй сты, уый. Дон сæ хъары. Фæстаг хатт сæм базылдысты 16 азы размæ. Хæрæндон у фæкæсинаг. Депутаттæ байхъуыстой адæмы хъæстытæм, æмæ сын радтой сæ фæрстытæн дзуæппытæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Ахсджиаг балц

Категория:

Новости и СМИ