Цæгат Ирыстоны цæрæгæй асайдтой 4 мин æмæ 500 сомы
Цæстфæлдахæн митæ кæй сарæх сты, уый бирæтæ банкъардтой. Фыдракæнджытæ æрбадзурынц чырæ телефонтæм, сæхи бацамонынц куыд банчы кусджытæ. Уый фæстæ картæтæй расæрфынц æфдæмы æхцатæ. Иу ахæм фыдбылызы ацы бон бахауд нæ республикæйы цæрæг. Уый тыххæй фæхабар кодта Мидхъуыддæгты министрад. «Хæдзары дзаумæттæ ауæй кæнон», зæгъгæ, ахæм хъуыдыимæ Цæгат Ирыстоны цæрæг, бахатыд интернетмæ. Апарахат дзы кодта йæ хъусынгæнинаг. Зæгъæн ис, æмæ ахæм мадзалæй адæм арæх спайда кæнынц. Фæлæ ацы сылгоймаджы амонд нæ фæци. Хъусынгæнинаг куы равæрдта, уæд æм цыбыр рæстæджы фæстæ, æбæлвырд номырæй чидæр æрбадзырдта. Зæгъгæ дам, æлхæнæг дæн. Йæхи Фæндыд æй аргъы тыххæй аныхас кæнын. Ныхас, ныхасы фæдыл æмæ йын сылгоймаг æнæрхъуыдыйæ йæ банчы картæйы номыртæ авæрдта. Æхцайы фæрæзтæ уайтагъд фыдракæнæгæн йæ къухы бафтыдысты. 4 æмæ æрдæг мин сомы дон аласта, зæгъгæ ахъуыды кодта сылгоймаг. Фæтагъд кодта Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты кусджытæм. Уыдон хъуыдаджы фæдыл сгарæг ацыдсты. Закъонхалæджы æрцахстой! Уый уыд Татарстаны Республикæйы 28 аздзыд цæрæг. Куыд ма рабæрæг, афтæмæй ма раздæр уыд тæрхонгод. Закъонхалæг ныртæккæ ис изоляторы. Йæ ныхмæ байгом кодтой уголовон хъуыддаг. Фыдракæнд хауы Уæрæсейы Федерацийы Уголовон кодексы хæйттæй иумæ. Ахæм цæстфæлдахæн митæ сарæх сты. Закъонхалджытæ фылдæр ратоной, зæгъгæ, сæ ныфс бахæссынц банчы картæтæй æхца адавын. Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ сидынц, цæмæй ахæм цæстфæлдахæн митæй сæхи хъахъхъæной. Кæд ахæм уавæры исчи бахауди, уæд фæхабар кæнын хъæуы барахъахъæнджытæм. Пелиты Сабинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны цæрæгæй асайдтой 4 мин æмæ 500 сомы
Категория:
Новости и СМИ