Дзæуджыхъæуы уыдзæн радон акци «Операция улыбка»
Æфсæрты стджыты æмæ комы патологитæ кæмæ ис, уыцы сывæллæттæн баххуыс кæныны тыххæй Дзæуджыхъæуы уыдзæн радон акци «Операция улыбка», зæгъгæ. Республикæмæ ссæудзæн зындгонд доктор Хасан Баиев. Алы аз дæр йе `мкусджытимæ æрбамбæлынц республикæмæ, æркæсынц сывæллæттæм æмæ дзы операци скæнын кæмæн хъæуы, уыдоны сбæрæг кæнынц. Хæрзаудæн организаци «Операция Улыбка» Уæрæсейы фæзынд 1995 азы. Йæ куысты сæйраг нысан у, æфсæрты стджыты æмæ комы патологитæ кæмæ ис, уыдонæн хъæугæ медицинон æххуыс бакæнын. Операцитæ кæнынц бархион дæхтыртæ. Семæ психологтæ дæр. Баххуыс кæндзысты 3 мæйæ 17 азы онг кæуыл цæуы, ахæм 50 пациентæн. Рагацау сæм æркæсдзысты 3 мартъийы. 11 сахатæй фæстæмæ дохтыртæ кусдзысты Сывæллæтты клиникон рынчындоны. Бархион-дохтыртæ та операцитæ кæнынмæ Дзæуджыхъæумæ ссæудзысты 20 майы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы уыдзæн радон акци «Операция улыбка»
Категория:
Новости и СМИ