Хъæбатырты аллеятæ
Абон ма нæ республикæйы Горæтгæрон районы цалдæр скъолайы кадджынæй байгом кодтой Хъæбатырты аллеятæ. Сунжæйы æмæ Камбилеевскæйы скъолаты æрлыг кодтой лентытæ, цыртдзæвæныл сæвæрдтой дидинджытæ. Мадзал арæзт æрцыд Горæтгæрон районы ахуырады управленийы, Æппæтуæрæсеон адæмон фронты æмæ Горæтгæрон районы скъолаты хъæппæрисæй. Ахуырдзаутæ акодтой хæстон зарджытæ, радзырдтой æмдзæвгæтæ, афтæмæй ссардтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатырты ном. Сывæллæтты зæрдæмæ акци тынг фæцыд, сæхи йæм зæрдиагæй бацæттæ кодтой. Цæмæй аллея фæзына, уый тыххæй бынат ссыгъдæг кодтой, ныссагътой дзы талатæ. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ патриотон хъомылад ам бæрзонд ран кæй ис. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хъæбатырты аллеятæ
Категория:
Новости и СМИ