Спорт æви пайдайаг арæзтад?

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

9 лет назад

Ныр къорд азы Дзæуджыхъæуы районтæй иуы цæрджытæ бæллынц, стадион «Торпедо» ногæй кæд скусдзæн, уымæ. Фæлæ, æрæджы куыд рабæрæг, афтæмæй фыдхъæнхъæл фесты. Цæмæн? Уымæн æмæ спорты рæзтыл бирæ дзургæйæ, бæрнон кусджыты цæсты мулк тынгдæр ахады. Кæйдæрты, гæнæн ис, æмæ бафæндыд стадионы бынаты бирæуæладзыгон хæдзæрттæ саразын. Рæстæг та бирæ хатт æвдисæн вæййы - пайдайаг хъуыддаг алчи йæхирдыгонау æмбары. Дзæуджыхъæуы, ОЗАТÆ-йы районы цæрджытæ кæддæр сæрæстыр кæмæй уыдысты, уыцы стадион «Торпедо» ныр заууат уавæры ис. Футболон командæ «Автодор» куы нал уыд, уæд спортивон объектæй дæр уый бæрц нал пайда кодтой. Куыдфæстæдæр, афтæ раздæр хъуыстгонд стадион æдзæмæй лæууы хуыздæрмæ ивддзинæтæм æнхъæлмæ кæсгæйæ. Кæддæр стадион уыд завод «ОЗАТÆ»-йы бæрны. Фæстæдæр æй, футболон клуб «Автодор»-ы президент Æлбегонты Хасан 49 азы `мгъуыдмæ хаццоны райста. Уæдæй-абонмæ объект иу къухæй иннæмæ цæуы. Ныр ын йæ алыварс бæрзонд быру сæвæрдтой, футболон фæзы бæстастæу та фæзынд цавæрдæр арæзтад. Адæмы хсæн алыхуызон ныхæстæ парахат кæнынц. Бирæуæладзыгон хæдзар, дам, дзы араздзысты. «Ацы стадион у истори. Кæд стыр ныхæсты хуызы хъуысы, уæддæр афтæ у. Район адæмы хсæн хонынц «Малаканка». Йæ цæрджытæй ацы стадион чи нæ зоны, ахæм нæй. Гыццылæй фæстæмæ нæ алчидæр хъазынмæ, спортæй архайынмæ, йæхи ирхæфсынмæ ардæм цыд. Æмæ нæ зæрдæты арф бынат ахсы. Ныр та йæм кæсын æмæ мæ зæрдæ сриссы», – Сергей Передерий. Районы цæрджытæ горæты администрацийыл дæр сæ ныфс нæ дарынц. Райдыдтой хи хъарутæй архайын. Æппæты фыццаг уал «РОСРЕЕСТР»-ы райстой æмбæлгæ гæххæтт. Афтæмæй рабæрæг, фæстаг хатт стадион хаццоны 2016 азы 2-æм августы кæй радтой. Ног хицау та йын сси республикæйы бæрнон кусджытæй иуы бинойнаг. Уый нæ, фæлæ ма документмæ гæсгæ стадионы бынаты ис бирæуæладзыгон хæдзæрттæ аразыны бар. Стадионмæ хæстæг уынгты цæрджыты ныхæстæм гæсгæ сæ сывæллæттæ спортæй кæм архайой, уый сын нæй. «Ис» спортивон объектæй – æнæхай. Ахæм у сæ уавæр. Сывæллæттæн ма цалынмæ фадат ис, уæдмæ быруйы хуынкъ скодтой æмæ афтæмæй бахизынц стадионмæ. Уæвгæ сын хъазынæн æндæр банат дæр нæй. Уымæ гæсгæ кæстæртæ фылдæрæй-фылдæр фæцахуыр вæййынц компьютерон хъæзтытыл. «Нæ районы цæрджыты се ппæты дæр фæнды ацы фæзыл хъазын. Хæдзæртты къæртыты уый бæрц бынат нæй, алы ран дæр лæууынц машинæтæ, ацæргæ адæм дæр сывæллæтты хъæлæбайæ хъаст кæнынц. Хъуыддаг кæмæ хауы, уыдонæй се ппæтæй дæр курæг стæм, цæмæй нын футболон фæз фæстæмæ радтой, байгом æй кæной. Цæмæй кæм хъазæм, уый нын уа», – Бекъойты Артур. Ивгъуыды кадджын истори – æнæмбаргæ фидæн... Дзæуджыхъæуы администрацийæ исты дзуапп райсын нæ бон нæ баци. Хъуыддаг кæмæ хауы, уыдонмæ та кæнæ телефонæй бадзурæн дæр нæй, кæнæ та афтæ æнæвдæлон вæййынц æмæ сын махимæ цалдæр минуты аныхас кæныны рæстæг дæр нæ вæййы. Адæмæн та сæ ныфс нæ сæтты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Спорт æви пайдайаг арæзтад?

Категория:

Новости и СМИ