Цæгат Ирыстоны ацыд турнир грекъаг ромаг хъæбысхæстæй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 просмотров

7 лет назад

Грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй ерыстæ ацыдысты Дзæуджыхъæуы. Æрыгон спортсментæ сæ арæхтдзинад равдыстой æвзарæн къæпхæны. Хуыздæрты `хсæн баисты Засеты Рустам, Шаулохты Руслан, Кцойты Хъантемыр, Уалыты Сослан, Лазарты Хетæг æмæ æндæртæ. Ацы ерысты фæстæ æвзонг богæлттæм æнхъæлмæ кæсынц ног хæслæвæрдтæ. Хъуамæ сæхи иттæг хорз равдисой Цæгат Кавказы Федералон Зылды цы турнир уыдзæн, уым. Тадеты Эдуард абон ацы турнирмæ æрбацыди йæ спорстменты къордимæ. Уыдон рагагъоммæ райдыдтой сæхи ацы турнирмæ цæттæ кæнын. Æрбацыдысты Æрыдоны районæй. Нырма уал хъуамæ ацæуой æвзæрстытæ. Уыдоны фæрцы рабæрæг уыдзысты турниры дыккаг къæпхæны чи архайдзæн, уыдон. Абон нæ республикæйы манежы цы турнир уыд, уым архайдтой, 2005-2006 æзты чи райгуырд, уыцы лæппутæ. Алчидæр сæ ацы бонмæ рагæй æнхъæлмæ каст. Сæхи ныхæстæм гæсгæ, ацы спорты хуызы хъуамæ спортсмен йæхи æххæстæй равдиса. Рæдийæн дзы нæй. Æдæппæтæй ацы турниры архайдтой 300 адæймагæй фылдæр. Архайджытæ уыдысты нæ горæтæй дæр, нæ республикæйы хъæутæй дæр. Уыдоны ’хсæн - Дзæуджыхъæуы сывæллæтты æмæ Андиаты Сосланы номыл спортивон скъолатæ. Стæй ма Æрыдон, Горæтгæрон æмæ Рахизфарсы районтæ. «Абон ам архайынц бирæ æрыгон лæппуæ. Алкæмæ дæр сæ ис нысан, цæмæй æвзæрстыты рæстæг иттæг хорз равдисой сæхи. Уымæн æмæ сæ уый фæстæ хъæудзæн бацархайын, цæгат кавказы федералон зылды цы турнир уыдзæн, уым», - æрыгон спортсменты тренер уæгъдибар хъæбысхæстæй Санаты Георгий. Ацы æвзæрстытæ иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ чи ацыд, уыдонмæ та æнхъæлмæ кæсынц ног хæслæвæрдтæ. Хъуамæ Цæгат Кавказы Федералон зылды турниры бахъахъхъæной Ирыстоны кад. Къутæрты Аидæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны ацыд турнир грекъаг ромаг хъæбысхæстæй

Категория:

Новости и СМИ