Республикайы хатдзæгтæ скодтой "Æнæниздзинад хъахъхъæнынады" национ проектæн
Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы хатдзæгтæ скодтой "Æнæниздзинад хъахъхъæнынады" национ проектæн. Фæнысан кодтой афæдзы фыццаг æмбисы бæрæггæнæнтæ. Æмбырды æрдзырдтой 7 программæйы райрæзтыл, се 'хсæн фыццаградон медикон-санитарон æххуыс, сывæллæтты æнæиздзинад хъахъхъæнынад, зæрдæ æмæ дадзинты низтимæ тох. Фароны бæрæггæнæнтимæ абаргæйæ, иумæйагӕй мæлынад фæкъаддæр 22,5%-ы бæрц. Хæрзхъæд медицинæ цæмæй æнцонвадат уа, уый тыххæй районты аразынц æмæ бындуронæй цалцæг кæнынц фелсырон-акушерон пункттæ æмæ амбулаторитæ. Æххæст æмæ ахадгæ иртæстытæн фæнд кæнынц балхæнын нырыккон медицинон ифтонггæрзты 30 иуæджы. Æмбырды уæлдай æргом аздæхтой онкологон низтæм. Бирæ азты дæргъы фыццаг хатт æвзæр низ рагагъоммæ рабæрæг кæныны бæрæггæнæн фæфылдæр 60%-æй.