Ахадгæ æххуыс
Паддзахадон Думæйы депутат Сергей Вострецов бахаста хъæппæрис, цæмæй дуканиты хойрæгтæй йе `мгъуыд кæронмæ кæмæн фæхæццæ кæны, уыдон адæмæн лæварæй уарой. Уый тыххæй хъусын кæны информацион агентад «Мæскуы». Депутат куыд фæнысан кодта, афтæмæй ахæм фæтк ныффидар æгас дунейы дæр - фесæфынмæ бирæ кæмæн нал баззад, уыдон фæкæсынцух адæмыл байуарынц. Бирæ бинонтæ ахæм хæрзаудæн хъуыддаджы фæдыл фæлæууынц рады. - Ахæм æгъдау сфидар кæнæн ис Уæрæсейы дæр, - загъта Сергей Вострецов. Фæлæ фæнысан кодта, ахæм хойрæгтæн ма сæ бæззыны `мгъуыды кæронмæ хъуамæ баззайа иу кæнæ дыууæ боны. Депутаты ныхæстæм гæсгæ, ахæм мадзал пайда уыдзæн сцанг дуканитæн дæр - сæ хъæппæрисы тыххæй сын адæм куы базоной, уæд æм хуымæтæг æлхæнæг дæр фылдæр цæудзæн. Уæдæ æххуысцух бинонтæн уый сæ къух куыд сараздзæн, уый дæр дызæрдыккаг нæу. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ахадгæ æххуыс
Категория:
Новости и СМИ