Скъоладзауты хызынтæн бæлвырдгонд нысан сфидар ис
Фæлхасгæнджытæм цæстдарды федералон службæ сфидар кодта скъоладзауты хызынтæн бæлвырдгонд нысан. Ома, йæ уаз цас хъуамæ уа, уый. Афтæмæй, сæрмагонд домæнмæ гæсгæ, портфел хъуамæ скъоладзауæй 10 хатты рогдæр уа. Уый сывæллоны уæзмæ гæсгæ. Зæгъæм, 1 æмæ 2-аг къласонæн сæ хызынты уæз 1 кг æмæ ‘рдæгæй фылдæр хъуамæ ма уа. 3-аг æмæ 4-аг кълæсты чи ахуыр кæны, уыдонæн та - 2 кг фылдæр нæ. Æмæ афтæ дарддæр: 5, 6-æм кълæсты ахуырдзауты портфелты уæз 2 æмæ ’рдæг кг хъуамæ уа. 8-æмы - 3-æ æмæ ‘рдæг. 9-æмæй - 11-æм къласмæ чи цæуы, уыцы скъоладзаутæн та 4 кг. Фæлхасгæнджытæм цæстдарды федералон службæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, ахуырадон программæтæ куыд фылдæр кæнынц, афтæ егъаудæр кæнынц ахуырадон æрмæджытæ æмæ чингуыты нымæц дæр. Хызынтæ, дам, ахæм уæззау вæййынц æмæ тæссаг у, скъоладзауты æнæниздзинад куы фæцуда, уымæй. Æмæ æцæгæйдæр афтæ у. Ацы домæнтæ æххæстгонд цæудызсты æви нæ, уый нырма зын зæгъгæн у. Фæлæ, ацы хъуыддаг нæхицæн раистасын - æнцон уыдзæн. Æмæ афтæ бакæнæм. Уый тыххæй нæм абон нæ студимæ æрбацыд Джызæлы скъолайы ахуырдзау - Хъыргъаты Мишæ. Ацы аз бахызт 3-æм къласмæ. Æмæ йæ куыд уынæм, афтæмæй скъоламæ ныридæгæн у цæттæ. Йемæ æрбахаста йæ хызын дæр. Хызынæн йæ уæз цас у, уый бамбарстам. Йæ рæстæмбис аргъ та 3 мин сомы у. Æмæ афтæ дарддæр. Скъоламæ срæвдз кæнынæн цас хъæуы? Кæстæр кълæсты лæппуты уæлæдарæс - 2800 Хистæр кълæсты лæппуты уæлæдарæс - 3500, 3700. Чызджыты уæлæдарæс - 2500 Дзабыртæ - 2500 Хызын - 3000 Фыссыны дзаумæттæ - 3000 _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Скъоладзауты хызынтæн бæлвырдгонд нысан сфидар ис
Категория:
Новости и СМИ