3 æвзист майданы æмæ 1 бронзæ уæгъдибар хъæбысхæсты ерыстæй
3 æвзист майданы æмæ 1 бронзæ. Ахæм хæзнатимæ ссыдысты цæгатирыстойнаг спортсментæ уæгъдибар хъæбысхæсты дунеон ерыстæй. Ацыдысты Будапешты. Архайдтой дзы 23 азы кæуыл нæма цæуы, уыцы спортсментæ. Абон сыл сæмбæлдысты Беслæны аэропорты. Уæрæсейы иугонд командæйы архайджытæ рамбылдтой фыццаг бынат, систы 7 майданы хицæуттæ. Цæгат Ирыстоны минæвæртты ’хсæн Уалыты Чермен, Цæкуылаты Батырбег æмæ Голоты Виталий рамбылдтой æвзист майдантæ. Уалыты Радик та сси бронзæ майданы хицау. Лæппутæ радзырдтой сæ æнкъарæнты тыххæй, ерыстæ куыд ацыдысты уый тыххæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
3 æвзист майданы æмæ 1 бронзæ уæгъдибар хъæбысхæсты ерыстæй
Категория:
Новости и СМИ