Алагиры районы ныссагътой 2 мин талайæ фылдæр æппæтадæмон акцийы фæлгæты
Цæгат Ирыстон дæр райдыдта æппæтадæмон акци «Сад памяти»-йы архайын. Сбастой йæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы бонимæ. Хъæбатырты нæмттæ æрымысыны тыххæй афæдзы дæргъы республикæйы алы рæтты нысадздзысты 35 мин талайы. Уæдæ æгас Уæрæсейы ты бæлӕсты нымæц схиздзæн 27 милуанмæ. Уыййас адæймаджы фæмард хæсты рæстæг фронты. Мадзалы бацархайыны фадат ис алкæмæн дæр. Сырх тулдз бæласы талайæн дзыхъ скъахын æмраст белæй дæр æнцон нæ вæййы. Стыр дуртæ дзы хъыгдарынц. Иуæй-иу хатт сæ къухæй аппарын дæр бахъæуы. Фæлæ уæддæр Алагиры хъæды хæдзарад 2 мин талайы ныссагъта. Ацы мадзалæй республикæйы райдыдта æппæтадæмон акци «Сад памяти». Талатæ та садзынц Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цы 27 милуан адæймаджы фæмард, уыдоны намысæн. Районы администрацийы æмæ дзуапдæттæг министрадты минæвæртты уæлдай ма дзы бацархайдтой скъоладзаутæ, студенттæ æмæ бархионтæ. Уыдонæй бирæтæн сæ хæстæджытæ хъахъхъæдтой нæ Фыдыбæстæ фашисттæй. «Сад памяти»-йы иннæ мадзал сараздзысты 14-æм апрелы Дзæуджыхъæуы. Æдæппæтæй ацы аз акцийы архайджытæ ныссадзынмæ хъавынц 34 мин талайæ фылдæр.