Дзæуджыхъæуы адæмыхæттыты хæдзары ацыд литературон æркаст
Хетæгкаты Къостайы 160 азы юбилейы агъоммæ кадджын мадзæлттæ сæ тæмæны бацыдысты. Сæ иу ацыд Дзæуджыхъæуы адæмыхæттыты `хсæн хæлардзинады хæдзары. Уым сывæллæттæн сарæзтой аив дзырды æркаст «Поэзия Коста», зæгъгæ. Литературон фембæлд сарæзтой республикæйы национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министрады хъæппæрисæй. Сывæллæттæ бакастысты Хетæгкаты Къостайы уарзондæр æмдзæвгæтæ. Хуыздæрты фæнысан кодтой жюрийы уæнгтæ. Фæнысан кæнын хъæуы уый, æмæ адæмыхæттыты `хсæн хæлардзинады хæдзары кусджытæ ацы аз бацæттæ кодтой цымыдисаг æркастытæ. Зæгъæм, 8 сентябры æвзæрстой, ирон литературæйы бындурæвæрæджы цард æмæ аивадимæ баст хуыздæр видеоролик чи сиса, уый. 9 октябры та ацыд аивдæр ныв бацæттæ кæныны конкурс. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы адæмыхæттыты хæдзары ацыд литературон æркаст
Категория:
Новости и СМИ