Заманхъулы цæрæг Санахъоты Вероникæйæн йæ хæдзар басыгъд
Цалдæр азы дæргъы - иунæг къæлæтдзаг уаты. Заманхъулы цæрæг Санахъоты Вероникæ йе ’ртæ сывæллонимæ ныр 3 азы цæры иунæг уаты. 2017-æм азы йæ хæдзар басыгъд. Азтæ цæуынц, агъуыст кæд ныккæлдзæн, уый бæрæг нæу. Сылгоймагмæ фæрæзтæ нæй хи хъарутæй хæдзар самайынæн. Бæлвырддæр нæ уацхæссæг Къутæрты Аидæ радзурдзæн. Санахъоты Вероникæ ныр цалдæр азы дæргъы цæры ацы хæдзары. Кæддæр æй балхæдта мадæлон капиталы фæрæзты фæрцы. 2017 азы йын электрон тыхтæттæг телты тыххæй басыгъд. Хæдзарæй ма баззадысты æрмæст къултæ. Æмæ уыдон дæр æрæджы ныккалдысты. Цы хæдзар басыгъди, уый фарсмæ ис чысыл уат. Уыцы ран ныртæккæ Санахъоты Вероникæ цæры йæ сывæллæттимæ. Йæ мад дæр бахъуаджы сахат вæййы йæ фарсмæ. Йæ сывæллæттæ нырма скъоладзаутæ сты, фæлæ сæ бон цæмæй у, уымæй йын æххуыс кæнынц. Йæ хистæр сывæллон цæуы 8-æм къласмæ, дыккаг чызг та - 7-æм, уæдæ кæстæр лæппу та - 3-æм. Цы уаты цæрынц, уым уавæртæ уæвгæ дæр нæй. Сыхæгтæ 2017 азы ацы хабары тыххæй куы базыдтой, уæд æм фæкстысты. Чи йын хæдзары дзаумæттæ радта, чи та йын хæдзар аразынæн бетон дуртæ радта. Санахъоты Вероникæйы бахъæуы кредит райсын дæр. Уымæн æмæ ныртæккæ цы уаты цæры йæ цотимæ, уый кæд ныккæлдзæн, уый бæрæг нæу. Хъæуы сæргълæууæг нын куыд бамбарын кодта, афтæмæй администрацийы кусджытæн сæ бон цы уыд, уымæй йын баххуыс кодтой. Санхъоты Вероникæ ма нын куыд бамбарын кодта, афтæмæй уый бацыди Рахизфарсы районы админстрацимæ дæр. Хæдзар фенынмæ æрцыдис сæрмагонд къамис. Вероникæйы хъуыддаг ма бахастой сæрмагонд программæмæ дæр, фæлæ сылгоймаг посты кæй кæй кусы, уый тыххæй уыцы программæмæ нæ хауы. Ныры онг Санахъоты Вероникæ æххуысагур хуыздæр кæмæ бацæуа, уый нæ зоны. Къутæрты Аидæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Заманхъулы цæрæг Санахъоты Вероникæйæн йæ хæдзар басыгъд
Категория:
Новости и СМИ