Кæмæн цы?
Æрыдоны районы пъæлицæйæгтæ æрцахстой машинæ давæджы. Уый хсæвыгон бавдæлыд, æмæ иу бынæттон цæрæгæн йæ хæдтулгæ аскъæрдта. Машинæйы хицау уайтагъддæр бахъазт кодта районы барадхъахъхъæныджытæм. Уыдон дæр сæ куыст нæ бавгъау кодтой. Фыдгæнæджы рацагуырдтой. Бæлвырддæрæй нын хабæрттæ фехъусын кæндзысты нæ уацхæсджытæ. Æрыдоны цæрæг, йæ машинæ кæмæн адæавтой, уый хабар куы базыдта, уæд фæдисы æрбацыд районы пъæлицæйы управленимæ. Йхæдæг кусы хъахъхъæнæгæй. Уыцы хсæв йæ машинæ ныууагъта йæ куысты дуармæ. Фæлæ йæ уым бынаты нал æрбаййæфта. Слестгæнджытæ, фæндаггон управленийы специалисттимæ иумæ цыбыр рæстæгмæ бавнæлдтой сæрмагонд мадзæлттæ æххæст кæнынмæ. Сбæлвырд кодтой давæг чи у, æмæ кæм цæры, уый. Æмæ йæ æрцахстой. Машинæ дæр ссардтой. Куыд нæм фæбæрæг кодтой, афтæмæй ахæм машинæ мæнæ ацы баннаты ссардтам. Басгæрсты куы рацыдыстæм, уæд сбæлвырд кодтам шофыры æмæ хæдтулгæйы гæххæтыттæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй машинæ адавата. Лæг та цæхæдæр уыд нозтджын. Бæлвырддæр хабар базоныны тыххæй йæ ракодтам пъæлицæйæгты 3-æм хайадмæ. Куыд рабæрæг афтæмæй фыдгæнæг цæры Нарты хъæуы, цæуы йыл 24 азы. Йæ азымыл нæ басаст. Аххосджын ма у, нозтджынæй машинæйыл кæй цыд, уымæй. Дарддæр медицинон басгæрстыл дæр не сразы ис. Дзæуджыхъæуы Советон тæрхондон уынаффæ рахаста азымджыны административон хъуыддагæй бафхæрын. 10 суткæйы йæ æрцахстой. Ныртæккæ слæстгæнджытæ кусынц уголовон хъуыддаг байгом кæныныл. Закъонмæ гæсгæ аххосджыны æмбæлы ахæстоны фæбадын 5 азы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Кæмæн цы?
Категория:
Новости и СМИ